Австри сразы ис уырыссаг газы  аргъ  рубльтæй бафидыныл
Австри сразы ис уырыссаг газы аргъ рубльтæй бафидыныл

Австрийы  канцлер  Карл Нехамеры фидиуæнæй, австрийаг нефты æмæ  газы корпораци  «OMV» Уæрæсейы бавдыст домæнт  сыххæст кæныныл сразы ис.

Уый фæдыл информаци хуъсын кæны  «ВВС».

Афтæма  йæ дзырдæй, Владимир Путин æй  сæрмагондæй  баныфсджын кодта, цæмæй  уырыссаг  æрдзон  газы  ифтонгад Австрийы нæ аскуындзысты.

Уæдмæ  аналогион  уынаффæ рахастой  Серби æмæ Венгри. Венгрийы фæсарæн хъуыддæгты  министрады  фехъусын кодтой, ома газы  аргъæн рауæлдайгонд евро, «Газпромбанкы» конвертаци скæндзысты  ребльтæм.

Уымæй  уæлдай ма, уырыссаг газы аргъ  рубльтæй бафидыны гæнæндзинады  тæрхон кæнынц Германийы дæр.  Радон  бафыст  Германи хъуамæ сыххæст кæна  зæрдæвæрæны мæйы.

Бакой уын кæндзыстæм,  цæмæй абонæй   «Газпром»  Польшæ æмæ Болгарийæн, æрдзон газы балæвæрд  аскъуыдта, уымæн æмæ ацы  бæстæтæ не сразы сты  газы аргъ  рубльтæй бафидын.

Болгарийы  загътой, цæмæй  Уæрæсейæ  газы  сыхгæды  фæстæ, мидфæлхасадæн  сын  иу мæйы  фæстауæрц ис.

Польшæйы та дзурынц, цæмæй  сæ æвæрæнтæ  80% едзаг сты  æмæ уырыссаг газ нал балхæндзысты.