Австрийы лигъдоны статусагурджытæ тыхбын бауыдзысты 840 евро бафидын æмæ сæрмагонд мобилон телефоны раттын
Австрийы хицауад лигъдоны статусы раттынæн бакуыста ног фæткæвæрд, кæцымæ гæсгæ дæр, статусагурджытæ 840 евро хъуамæ бафидой æмæ раттой сæрмагонд мобилон телефон. Информацийы хъусын кæны немыцагæвзагон рауагъдады Zeit.
Фæнысангонд суммæйæ, бамбæрздзысты хиæмбæхсæны райсты куырдиаты бакæсынимæ баст хардзтæ, æмæ мигранты телефоны та басгардзысты бæрггæнæнтæ.
Закъонопроектмæ гæсгæйæ, криминалон фыдракæнды тыххæй агуырды уæвæг мигрантты æнæаргъæвгæйæ депортаци скæндзысты. Уымæй уæлдай ма, кæд статусагурджытæ рæстæгмæ фыдыбæстæмæ æрыздæхдзысты, уыдонæн фæмацы уыдзæн Австрийы цæрыны бар.
Австрийы хицауады бакуыст мадзæлттæм гæсгæйæ, лигъдæттæн Австрийы æмбæстагдзинады æркурыны бар, бæстæйы 6 азы дæргъы цæрыны бæсты, сæ бон бауыдзæн 10 фæстæ.
Австрийы мидхъуыддæгты министр Герберт Къикл куыд загъта афтæмæй, хицауадæн йæ нысан у, баурома Австрийы, хиæмбæхсæны лæвæрды системæйæ фыдвæнд пайдакæнынад.
Австрийы хицауад закъондæттæн инициативæйæ, парламентмæ æввахсдæр фидæны бавдисдзæн.