Австрийы канцлер Карл Нехамеры фидиуæнæй, австрийаг нефты æмæ газы корпораци «OMV» Уæрæсейы бавдыст домæнт сыххæст кæныныл сразы ис.
Уый фæдыл информаци хуъсын кæны «ВВС».
Афтæма йæ дзырдæй, Владимир Путин æй сæрмагондæй баныфсджын кодта, цæмæй уырыссаг æрдзон газы ифтонгад Австрийы нæ аскуындзысты.
Уæдмæ аналогион уынаффæ рахастой Серби æмæ Венгри. Венгрийы фæсарæн хъуыддæгты министрады фехъусын кодтой, ома газы аргъæн рауæлдайгонд евро, «Газпромбанкы» конвертаци скæндзысты ребльтæм.
Уымæй уæлдай ма, уырыссаг газы аргъ рубльтæй бафидыны гæнæндзинады тæрхон кæнынц Германийы дæр. Радон бафыст Германи хъуамæ сыххæст кæна зæрдæвæрæны мæйы.
Бакой уын кæндзыстæм, цæмæй абонæй «Газпром» Польшæ æмæ Болгарийæн, æрдзон газы балæвæрд аскъуыдта, уымæн æмæ ацы бæстæтæ не сразы сты газы аргъ рубльтæй бафидын.
Болгарийы загътой, цæмæй Уæрæсейæ газы сыхгæды фæстæ, мидфæлхасадæн сын иу мæйы фæстауæрц ис.
Польшæйы та дзурынц, цæмæй сæ æвæрæнтæ 80% едзаг сты æмæ уырыссаг газ нал балхæндзысты.