Австралийы хъæды зынгсирвæзты локализаци скæнын нæ фæразынц. Сæрмагондæй вазыгджын уавæр ис Ног Хуссар Уэльсы штаты, ц ыран арт горæт Эденмæ бахæццæ ис. Тасы тыххæй æмбæстæгтæм æрсидтысты сæ хæдзарттæ ныууадзынмæ.
Вкториайы штаты дæсгай мин абонент æнæэлектуроэнергийæ баззад. Ирвæзынгæнджытæ, æфсæддæттæ æмæ пъæлицæйæгтæ уыцы æмбæстæгты эвакуаци дарддæр кæнынц, кæцытæ дæр цалдæр бон арвыстой океаны былгæрон.
Æнæкæсгæ уымæ, цæмæй Австралийы цалдæр регионы абон къæвда рауарыд æмæ уæлдæфы температурæ æрныллæгдæр ис, уæлвæтк уавæрты куысты хъусын кæнынц, цæмæй арты 200-йæ фылдæр активон артдзæст ахуыссынæн ацы кæъвда æгъгъæд нæ уыдзæн. Æмбæстæгтæ критикæ кæнынц хицауад æмæ дзурынц, цæмæй зæгъгæ хицауадмæ зынгсирвæзтытæ ахуыссын кæныны пълан нæй.
Австралийы зынгсирвæзтытæ сентябры фæстæ дарддæр кæнынц. Ацы рæстæджы дæргъы фæмард 24 адæймаг. Ирвæзынгæнæг операцийы хайад исынц мингай ирвæзынгæнæг æмæ æфсæддон.