Авиакомпани Ryanair –ы минæвар - Тбилисы аэропорты тарифтæ Барселонæйæ зынаргъдæр сты
Авиакомпани Ryanair ацы этапыл нæ хъавы Гуырдзыстонмæ æрбахизын æмæ уый æфсонæй та æрхаста Тбилисы аэропорты бæрзонд æргътæ. Уый тыххæй журналисттæн загъта компанийы минæвар Нил О’Коннер, кæцы хайад исы авиацион форум CONNECT 2018-ы.
«Раздæры хицауады рæстæджы фæрæдыд сты Тбилисы аэропорт конкретон компанийæн куы раттой æмæ ахæм бæрзонд тарифтæ æрбайстой уæд. Ахæм тарифтæ нæй Барселонайы дæр, æмæ Тбиисы та æдæппæт 3 милуан бæлццон куы ис. Æмæ Европæйы æрдæм 40-50 рейсæй, æххæст цæуы 10-æй къаддæр» – банысан кодта О’Коннер.