«Ройтер»- Барселонæйы палестинæгты фарсхæцæг демонстранттæ æфсæнвæндагон станцæйы территоримæ бабырсын бахъавыдысты

10:42, 12.11.2023

Барселонæйы палестинæгты фарсхæцæг демонстранттæ æфсæнвæндагон станцæйы территоримæ бабырсын  бахъавыдысты.  «Ройтеры»  хъусинагæй  пъæлицæй   горæты   сæйраг  æфсæнвæндагон  станцæйы  кулдуар æрыхгæдта  æмæ митинггæнджыты  ныхмæ уарттимæ æмæ  лæдзгутимæ рацыд .

Пропалестинаг  демонстрацитæ знон Европæйы æндæр горæтты дæр ацыд. Лондоны  палестинæгты фарсхæцæг  цыды  300  мин адæймаг райста хайад. Уый параллелонæй  пъæлицæй  ультрарахисты  контракцийыл 120-æй фылдæр  адæймагы æрцахста.

Палестинæйы фарсхæцæг акцитæ ацыд Брюсселы, Паризы, Венæ æмæ  Берлины дæр.

Хуыздæр