Æвзæр боныгъæды тыххæй, Стамбул-Тбилисы рейсы хæдтæхæг  нæ бахъом ис Тбилисы аэропорты æрбадын
Æвзæр боныгъæды тыххæй, Стамбул-Тбилисы рейсы хæдтæхæг нæ бахъом ис Тбилисы аэропорты æрбадын

Авиакомпани «Pegasus Airlines»-ы  хæдтæхæг, кæцы Стамбул-Тбилисы рейс æххæст кодта,  æвзæр боныгъæды тыххæй, нæ бахъом ис Тбилисы æхсæнадæмон аэропорты æрбадын.

Тбилисы  æхсæнадæмон  аэропорты куыд загътой, афтæмæй,   фæнысангонды тыххæй  хæдтæхæг фæстæмæ  бахъуаджы  аэродроммæ  аздæхтис.  Æнхъæлцау рейс фæстæдæр  сыххæст уыдзæн.

«Æвзæр боныгъæды тыххæй «Pegasus Airlines»-ы хæдтæхæг, æвзæр боныгъæды тыххæй, нæ бахъом ис Тбилисы æхсæнадæмон аэропорты æрбады æмæ  æздæхы бахъуаджы  аэродроммæ Туркмæ.  Ацы моментмæ æрмæст ацы  рейсыл цæуы ныхас, æндæр  рейстыл ахæм цау  нæм нæй», – фехъусын кодтой Гуырдзыстоны Фыццаг Каналæн  æхсæнадæмон аэропорты.