Аттестаттæ æмæ дипломтæ регистрацигонд æрцæудзысты блокчейн системæйы
Ахуыр æвдисæн документац интегриргонд цæудзæн блокчецн технологиты. Ногдзинады ахуырады коплексон реформæ дары йæ хъуыдыйы, кæцыйы фæлгæтты, технологиты сферæйы акæнæг америкаг экспертты бастдзинадæй, гуырдзиаг ахуырады системæйы нырыккон технологитæ фидар кæнынц.
Фæнысангонд темæмæ гæсгæ, Гуырдзыстоны ахуырады, зонæдты, культурæ æмæ спорты министр Михеил Батъиашвили, блок-чейн компани Input Output HK Ltd-ს (IOHK) эксперттимæ кусæн фембæлд сарызта, кæцыйы рæстæджы дæр æркастысты проекты детæлттæ.
«Гуырдзыстоны ахуырады, зонæдты, культурæ æмæ æспорты министрад, ставддæр æхсæнадæмон технологион компани «Кардано Къордимæ» æмкуысткæнынады меморандум бафыста цæугæ азы 17 июны, кæцыйы фæлгæтты, æххæст цæуы ахуыры бæлвырдгæнæг документацийы блокчейн системæмæ интеграцийы проэкт. Ацы проэкт кæцыйы Гуырдзыстоны ахуырады, зонæдты, культурæ æмæ æспорты министрад америкаг экспертты къордимæ иумæ æххæст кæны, йæ хъуыдыйы дары скъолайы аттестаты, профессион æмæ уæллаг ахуыргæнæндон дипломты блокчейн системæйы регистраци скæнын. Специалон QR-къоды фæрцы, пайдагæнæг æнцонæй бахъом уыдзæн потенцион куыст дæттæгæн йæ ахуыры бæлвырдгæнæг документаци бавдисын æмæ сбæлвырд кæнын. ИНформаци æмбырдгонд уыдзæн иууон системæйы, кæцы гарантиргонд у пайдагæнæгы сæрмагонд бæрæггæнæнты æдасдзинад»- дзырдæуы ахуырады министрады ахæлиугонд хъусинаджы.
Ахуырады, зонæдты, культурæ æмæ æспорты министрады куыд хъусын кæнынц афтæмæй, фæнысангонд проэкт, кæцы афæдзы кæронмæ сæххæст уыдзæн, нырыккон технологитимæ интеграцийы процессы æмæ «Цифрон дунеимæ» æрыввахсы хъуыддаджы иттæг нысаниуæгджын у.