Аргълæвæрды æмæ фæлварæнты национ центр публикаци кæны, гуырдзиаг æвзаг æмæ литературæйы, афтæма, ирон æвзаджы фæлварæнты  фыццагон фæстиуджытæ
Аргълæвæрды æмæ фæлварæнты национ центр публикаци кæны, гуырдзиаг æвзаг æмæ литературæйы, афтæма, ирон æвзаджы фæлварæнты фыццагон фæстиуджытæ

Аргълæвæрды æмæ фæлварæнты националон центр абитуриентты  куысты æмæ  баллты  публикаци кæнын райдыдта.  Публикацигонд уыд  гуырдзиаг æвзаджы æмæ   литературæйы фæлварæны,  афтæма ирон æвзаджы  фæлварæны фыццагон фæстиуджытæ.

Сæрмагонд фæстиуæг базонынæн  абитуриент  хъуамæ бахизæт  веб-фарсыл online.naec.ge, æмбæлгæ бынаты  та  ныффыссæт сæрмагонд номыр  æмæ  фондзнысаджын пароль.

«Сæрмагонд  фарсыл,  абитуреинтæн уыдзæн  фадат фенын,  сæрмагонд куысты æмæ  конкретон  предметы  йын цы  фыццагон  «хом»  баллтæ ис уый.  Иугонд национ фæлварæнты  æппынфæстаг  фæстиуджытæ  публикацигонд уыдзæн   претензион куырдиæттæ  æркæсыны, баллты  сæмбæр кæныны фæстæ.

Фæстиуджытæ базонын  абитуриенттæн сæ бон уыдзæн   цыбыр текстон  хъусинæгты (смс) фæрцы.  Уый тыххæй абитуриенттæ  сæ мобилон телефонæй (Джеосел) сæрмагонд  фæлварæнон идентификацион номыр  хъуамæ  арвитой  номырмæ 93333 (смс-ы аргъ у 0.50 лари, кæцы рацух уыдзæн  хынцæй уал  хатт, цал хатты дæр абонент арвитдзæн смс).

Гуырдзиаг æвзаг  æмæ литературæйы тесты, афтæма  ирон æвзаджы тесты максималон  балл у  60.  Абитуриентæн  ацы предметтæ бахыгъд лæвæрдыл банымайдзысты, кæд  æмæ баллты  сæмбæр кæныны фæстæ  йæ баллтæ  ацы  предметæн  бæрæг максималон  бæрæггæнæны 25%-æй фылдæр  уыдзæн.  Нысаниуæгджын у, цæмæй  сæмбæр кæныны  фæстиуæгæн  арæныл фæтыхуыны  шанс  нæ сафынц  уыцы  абитуриенттæ дæр, кæцыты  фыццагон балл, минималон компетенцийы арæнæй къаддæр у, фæлæ  йæм тынг хæстæг у.

Аппеляцион  куырдиæттæ райст  райдайдзæн  алы  фæлварæны фæстиуæгы пбликацийы фæстæ. Куырдиæттæ исдзысты  электронон  веб-фарсыл –  online.naec.ge», –   банысангонд у аргълæвæрды æмæ  фæлварæнты националон центры информацийы.