Арчил Татунашвили хъуыддагимæ баст резолюцийы проектыл æруынаффæ кæндзысты парламенты æддæ ахастыты комитеты
Арчил Татунашвилийы фæдыл цы резолюцийы проект æрцæттæ кодтой ууыл тæрхон абон Гуырдзыстоны парламенты æддæ ахастыты комитеты рабадтыл адарддæр уыдзæн.
Фарстыл фылдæртæ æмæ каддæрдæрты æхсæн политикон консультацитæ кронмæ æрхæццæ сты æмæ фæрстæ алы принципон фарсты фæдыл сразы сты.
Парламенты æддæ ахастыты комитеты сæрдары Сопо Кацаравайы фидиуæнæй, резолюцийы текст у тызмæг æмæ фæстиуæг райстыл ориенригонд. Афтæдæр йæ ныхæстæм гæсгæ, иттæг нысаниуæгджын у, цæмæй резолюцимæ гæсгæ, иумхуызон ахаст ис парламентон фылдæрты æмæ каддæрты æхсæн.
«Резолюци кцыйыл фæуынаффæ кндзыстæм æддæ ахастыты комитеты, у карз æмæ фæстиуæгыл ориентиргонд. Иуы æрдгæй, цæ зæгъын æй хъæуы иттæг нысаниуæгджын у резолюцийы текст. Афтæдæр ахсджиаг у уый æмæ, ис консолидиргонд ахаст уый æрдæм, уымæн æмæ ай у бæстæйы иумæйаг инетерс. Резолюцийы тексты та, ис тызмæг аргълæвæрд æрцæугæйæн. Атæдæр æркуырд ис конкретон къахдзæфтæ, цахæмдæр у æхсæнадæмон акторты хайад фæжæвзарæны процессы, мониторингы æхсæнадæмон механизмты буадзын оккупацигонд территоритæм, специалон ранымады арæзт-формир кæнын, кæцыйы мидæг æвдыст æрцæудзæн не мбæстæгты æрдæм сæххæст фыдракæнды тыххæй зылыджын æмæ тæрхонмæ лæвæрд уæнгты номхыгъд»- загхта Сопо Кацарава.
Æддæ ахастыты комитеты касты фæстæ, 21 марты документы пленарон рабадтмæ рахсдзысты халæппæрстмæ.
Рахæцдзæн æви нæ «Националон Змæлд» йæ фарс документæн, партийы уæнгты ныхæстæм гæсгæ, уый резолбюцийы æххæст текстимæ æрзонгæй фæстæ аскуыддзаг кæндзысты.