Гуырдзыстоны  парламент, Арчил Татунашвилимæ гæсгæ резолюци райста
Гуырдзыстоны парламент, Арчил Татунашвилимæ гæсгæ резолюци райста

Гуырдзыстоны  парламент Арчил Татунашвилимæ гæсгæ   резолюцийы проект  1-6 хъæлæсæй сбæлвырд кодта.

Депутаттæ   документæн  хал сæппæрстой абоны  пленарон  рабадтыл, фæлæ  халæппæрсты онг, фарстыл сырæзт политикъон дебаттæ.

«Картули Оцнебайы»  æмæ  «Европули Сакартвелойы»  иумæйагæй  цæттæ  документæй,  Гуырдзыстоны  хицауад  парламентæн, оккупацигонд   территоритыл  Гуырдзыстоны æмбæстæгты марындзинады,  скъæфты,  хъизæмары, æнæгуманон  ахасты  æмæ æнæниздзинады уæззау базиан кæныны,  афæтæдæр  ацы фыдракæндты  бамбæрзыны   азымджын  æмæ  тæрхонмæ лæвæрд уæнгты   номхыгъд – «Отхозориа- Татунашвилийы  номхыгъд»  2018 азы  15  июны онг хъуамæ  бавдиса.

Резолюцийы мидæг афтæдæр  дзырдæуы,  цæмæй  Гуырдзыстоны хицауад  хъуамæ райса мадзæлттæ,  æмæ   æхсæнадæмон организациты  æмæ  партнер бæстæты  æрдгæй,   «Отхозориа- Татунашвилийы  номхыгъды»    æрнымад уæнгты  æрдæм  алы  гæнæн арæнæвæрдты, уый нымæцы визон, мулкон  æмæ финансон  транзакцитимæ баст  арæнæвæрдты   сблвырд кæныны  æмæ  барады  сæххсты  баахъаз кæнынæн.

Афтæма,  æххæстгæнæг  хицауад хъуамæ фæбæрæг  кæна «Отхозориа- Татунашвилийы  номхыгъды» фæдыл уынаффæйы  сæххæстыл  бæрнон  уагдонад, кæцы   парламентæн  уынаффæйы  æххæсткæнынады фæдыл  регулярон  хыгъдлæвæрд дæтдзæн.

Банысан кæнинаг у уый æмæ,  халæппæрсты  хайад райсын сæхиуыл фæхæцыдысты «Патриотты Альянс» æмæ  «Националон  Змæлд».