Арчил Талакъвадзе – сындæггай æздæхæм нормалон политикъон процессмæ
Уый цыдæриддæр 2020 азы æвзæрстытæн фылдæр æууæнк æрхæсдзæн, райсгæ уыдлзæн оппозицийæн æмæ райсгæ уыдзæн нæ дзыллæйæн, уый ресурс ис – уый фæдыл Гуырдзыстоны парламенты сæрдар Арчил Талакъвадзе, оппозицийы æмæ хицауады минæвæртты æхсæн фембæлды размæ райхъусын кодта.
Арчил Талакъвадзе куыд банысан кодта афтæмæй, абон зæгъгæ хицауад цæттæ у байхъуса оппозицийы æнхъарæнтæм.
«Абон æхсæнадæмон партнерты, минæвæрттимæ иумæ, уагъд цæуы политикъон диалогы дыккаг фембæлд. Мæ хъуыдымæ гæсгæ, фембæлд алкæмæн у хъæугæ, хорз у, цæмæй темæ ивд æрцыд æмæ сындæггай æздæхæм нормалон политикъон процессмæ. Абон нын уыдзæн тæрхон уæвæг æмхæццæ моделы фæлгæтты цы нæ бон у иумæ саразæм. Уый цыдæриддæр 2020 азы æвзæрстытæн фылдæр æууæнк æрхæсдзæн, райсгæ уыдлзæн оппозицийæн æмæ райсгæ уыдзæн нæ дзыллæйæн, уый ресурс ис. Абоны уавæрæй æмхæццæ моделы, æрдæг парламентон мандаттæ скомплект уыдзысты пропорцион æгъдауæй, æрмæст иннæ æрдæг, мажоритарон æдгъдауæй, растдæр дыккаг æрдæгмæ гæсгæ уыдзæн тæрхон æмæ зонут æй, æвзарæнон закъондæттынадыл куыст амæй размæ дæр райдыдтам. Абон цæттæ стæм байхъусæм оппозицийы æнхъарæнтæм. Уыдзæн нæм нæхи агументтæ æмæ сисдзыстæм рæстæг, кæд уыдзæн исты конкретон хъуыдиад, цæмæй сæм нæхи бацæттæ кæнæм. Махæн нысаниуæгджын у, цæмæй æздæхæмнормалон политикъон процессмæ, диалог цæй зæгъын æй хъæуы уый тыххæй у дзæбæх. Парламенты сæрдармæ куыд æмбæлы афтæ райгонд дæн диалогæй нæ партийы æмæ оппозицийы æхсæн, ацы формат цы ран парламентон æмæ парламенты æддæ оппозици стыр бавдыст, у тынг оптималон формат» – райхъусын кодта Арчил Талакъвадзе.
Арчил Талакъвадзе куыд банысан кодта афтæмæй, уый зæгъгæ нæ цух кæны ахæм цау дæр, æмæ фæдылдзог фембæлдтыл бæрæг разыдзинадмæ æрцæуой.
«Махæн нысаниуæгджын уыд ахæм фарстатыл уынаффæ кæнынмæ æрыздæхын кæцытæ æмбынатин сты Гуырдзыстоны конституцимæ. Куыд æй зонут афтæмæй, æнæхъæн фыццаг фембæд ныас кодтам уый фæдыл, цæмæй райхæлдтаиккам оппозицийæн, цы уыд æмбынатин æмæ цавæр ивдтытæ хъæуы конституцимæ бахæссын. Абон рнырид æздæхæм уыцы фарстатæм. Бæрæг куыд у афтæмæй, ис гæнæн ныхас кæнын. Мæ хъуыдымæ гæсгæ размæ арызт къахдзæф у æмæ нæ цух кæнын уый дæр, æмæ фæдылдзог фембæлдтыл гæнæн ис уæвæг системæйы фæлгæтты æрцæуæм исты конкретон разыдзинадмæ. Уымæ, хицауад æмæ нæ пардаментон бал цæттæ уыдыстæм сæрæй дæрКæд уыдзæн конструкивон ахаст уæд цæй зæгъын æй хъæуы уæвæг системæйы мидæгæй æрныхас кæнын ис гæнæн. Ацы системæ кусы æндæр бæстæты, ис æххæстæй мажоритарон мдельтæ дæр, Бритайнаг æмæ Америкаг модельтæ æмæ афтæ кусы æххæстæй порпорцион системæ дæр европæйы. Йæхæдæг модель нæй гæнæн нæрайсгæйыл банымайын æрмæтс уый тыххæй, цæмæй дзы ласы æрмæст мажоритарон кæнæ æнæхъæнæй пропорцион механизмтæ. Ам дзырдæуы цæмæй политикъон спектр æрныхас кæна æмæ дзыллæйæн модель кæцыйæ æвзæрстытæ ауадздзыстæм уа райсгæ» – загъта Арчил Талакъвадзе.