Арчил Талакъвадзе – сæйраг   тролтæ  нырмадæр лæууынц  бæстæйы,  рацæуынц  акцитæм æмæ  архайынц реалондзинад фендæр кæнын
Арчил Талакъвадзе – сæйраг тролтæ нырмадæр лæууынц бæстæйы, рацæуынц акцитæм æмæ архайынц реалондзинад фендæр кæнын

«Мæнмæ  гæсгæ  ай  скандал нæу, реалонæй  «Фейсбукы»   регуляциты  æмæ   фæткйоты  хай у,   уымæн æмæ  «Фейсбук»  перманентон  режимæй  кусы   тролты  ныхмæ,  схафы   ахæм профайлтæ  Америкæйы  дæр Европæйы  дæр  æмæ   уый  нымæцы  Гуырдызстоны  дæр»,- ахæм дзуапп дæтты   Гуырдзыстоны парламенты   сæрдар   социалон хызаг  «Фейсбукы»    профайлты  æмæ   вебфарсыты  схафтæн.

«Парламенты сæрдар, оппонентты  аргълæвæрдæн дæтты дзуапп: Сæйраг тролтæ нырмадæр  лæууынц нæ  бæстæйы –  адæймæгты цагъдтой æмæ  ныр   цæвиттон   адæймаджы барты  мæт кæнынц;  бизнесс сæм терроры  бын уыд æмæ ныр  бизнесы  хъахъхъæдыл  дзурынц;   телеуынынадтыл   рейдтæ  уагъдтой –  ныр   сæрибар медийы  тыххæй  нын  кæсынц  мораль; Национ æмæ проныгуылæйнаг  аргъдзинæдтæ  сæ  къæхты бын  фæкодтой  æмæ  ныр та  сæхи проныгуылæйнæгтæй  хонынц. Нæ иуæй-иу оппонент  абон дзырдта,  зæгъгæ   «Фейсбук»  раргом  кодта  хицауад   антиныгуылæйнаг   кампани  уадзыны.   Уый у  мæнг,  «Фейсбукы»  официалон  куырдиаты  ахæм  ницы  уыд дзырд. Ахæм мадзæлттæ  ацыд  АИШ-ы æмæ   æндæр бæстæты  дæр.  «Фейсбук» у  æргом  тыгъдад æмæ   алчи  хорз æмбары, цæмæй   фейсбукы  ис  æнææрмæст   хицауады  фарсхæцджытæ, фæлæ ма  хицауады   ныхмæ  бирæ  дезинформаци. Вæццæгæн ис  нæ  фарсхæцджытæ  дæр,  кæцытæ  активон сты, ис адæймæгтæ  æмæ  организацигонд хызæгтæ, кæцытæ   хицауады  ныхмæ уадзынц   дезинформаци. Уый  зоны Гуырдзыстоны «Фейсбукы»  алы  пайдагæнæг», – райхъусын кодта   Арчил Талакъвадзе.