Арчил Талакъвадзе – Нæ æвзæрст ныр у ахæм - Цæй нæ фæлтау ног конфликтон темæтæ агурын, кæнæ зæронд хъæдгом фæкъæртт кæныны бæсты, Ирæттимæ æмæ Абхазæгтимæ иумæйаг æвзаг рацаргурын
Гуырдзыстон историйы кæсын сæ бон у, фæлæ ногæй ныффыссын æмæ раивын – нæй! – ахæм комментари сарызта Гуырдзыстоны парламенты сæрдар Арчил Талакъвадзе Уæрæсейы думайы кусæг къорд саразыныл, кæцы «Хуссар Ирыстоны адæмы, Гуырдзыстоны æрдгæй геноцид хъуамæ бацахуыр кæна».
Талакъвадзе куыд банысан кодта, афтæмæй, «Нæ æвзæрст у ахæм, цæй нæ фæлтау ног конфликтон темæтæ агурын, кæнæ зæронд хъæдгом фæкъæртт кæныны бæсты, Ирæттимæ æмæ Абхазæгтимæ иумæйаг æвзаг рацаргурын».
«Ай фыццаг хатт нæу, Уæрæсейы политикъон зылдты куы ныхас кæнынц нæ бæстæйы истори ногæй æркæсыныл. Гуырдзыстоны истори бакæсын сæ бон у, фæлæ ногæй ныффыссын æмæ раивын – нæй! Историон темæты политикъон коньюктурæйы нысанæй спайда кæнын, мах нымайæм тынг рискъ хæссæг хъуыддагыл, сæрмагондæй та ахæм регионы, цахæм дæр у Кавказ. Нæ æвзæрст ныр у ахæм, цæй нæ фæлтау ног конфликтон темæтæ агурын, кæнæ зæронд хъæдгом фæкъæртт кæныны бæсты, Ирæттимæ æмæ Абхазæгтимæ иумæйаг æвзаг рацагурын, æрмæст сыхæгтимæ – проблемæты аскуыддзаг кæнын. Æндæр цыбыр политикъон цæстæнгас нæм, æнæперспективон æмæ тæссаг кæсы», – райхъусын кодта Гуырдзыстоны парламенты сæрдар.