Уæрæсейы Думайы «Гуырдзыстоны æрдгæй Хуссар Ирыстоны адæмы  геноциды»  банымады  фарста  кастæуы
Уæрæсейы Думайы «Гуырдзыстоны æрдгæй Хуссар Ирыстоны адæмы геноциды» банымады фарста кастæуы

Уæрæсейы Думайы «Гуырдзыстоны æрдгæй Хуссар Ирыстоны адæмы  геноциды»  банымады  фарста  кастæуы.

Уæрæсейы  закъондæттæг   органы  дæллаг палатæйы фыццаг  вице-спикер, Иван Мельников куыд райхъусын кодта афтæмæй,   Паддзахадон думайы  фарста бацахуыр кæнынæн,   кусæг къорд ныридæгæн сырæзт.

«Кусæг къорд, кæсы Хуссар Ирыстоны  парламенты  куырдиат, кæцыйы  уæнгтæ  1920  азы, гуырдзиæгты æрдгæй  Хуссар Ирыстоны   адæмы геноциды  банымайын домы»,- райъхусын кодта Мельников.

Уæдмæ   августы  райдианы,  паддзахадон думайы  сæрдар Вячеслав  Володин  райхъусын кодта, «Дума  æввахс  рабадтыл хъавы   Хуссар Ирыстоны  адæмы  геноциды банымады фæдыл  куырдаит æркæсын».

Мельников Журналисттæн  райхæлдта,  цæмæй  « уымæн бæрæг нæу,  цас рæстæджы даргъ кæндзæн   къорд  кусын,  уымæн æмæ зæгъгæ ай тынг вазыгджын фарста у».

Бакой уын кæндзыстæм, уæдмæ Владимир Путин  райхъусын кодта, цæмæй 1919  æмæ 1920  азты, Гуырдзиаг  æфсæддæттæ,  ирæтты  ныхмæ тынг карз мадзæлттæй  архайдтой,  кæцыйы   путины дзырдæй,  «Генцодæй  схонынц».