Андрей Руденко - Уæрæсейы сконды Хуссар Ирыстоны баиу кæныны фæдыл  уынаффæ домы  алы  факторы зырдæйыл  дарын, уый нымæцы, нырыккон геополитикон  уавæр
Андрей Руденко - Уæрæсейы сконды Хуссар Ирыстоны баиу кæныны фæдыл уынаффæ домы алы факторы зырдæйыл дарын, уый нымæцы, нырыккон геополитикон уавæр

Уæрæсейы сконды Хуссар Ирыстоны баиу кæныны фæдыл  уынаффæ домы  алы  факторы зырдæйыл  дарын, уый нымæцы  нырыккон геополитикон  уавæр, –  уый фæдыл Уæрæсейы  падздахадон   Думайы  дзырдæй  ралæуды рæстæджы   Уæрæсейы  фæсарæн хъуыддæгты  министры хæдивæг, Анлрей Руденко  райхъусын кодта.

«Баиу кæныны фæдыл фарста дыууæ фарсы  хайад райсын домы.  Сæрæй акæсдзыстæм   уымæ, цæмæй референдумы рæстæджы  куыд схъæлæс кæндзысты Хуссар Ирыстоны  æмбæстæгтæ  æмæ уымæ æмбæлгæйæ,  анхъæлмæ кæсдзыстæм  Уæрæсе Федерацийы  реакцимæ.   Ам нæ зæрдыл хъуамæ дарæм  факторты  спектр, уый нымæцы, нырыккон геополитикон  уавæр, цас хъæугæ  у тæккæ абон ацы  уынафæ рахæссын  æмæ  цас нысанæмраст у уый», – райхъусын кодта Руденко.

Уырыссаг дипломаты дзырдæй,  зæгъгæ  ацы этапыл  Уæрæсе  йæ цæст бадардзæн  17 июлмæ плангонд   а.х. референдуммæ  цæттæдзинадмæ.

Руденко  афтæма, Цхинвалы æрдгæй  Украинайы уæрæсейы «æфсæддон операцийы» æххуысы тыххæй  фæныхас кодта.

Абон Уæрæсейы паддзахадон думайы  депутаттæ ратификаци скодтой  Цхинвал æмæ Уæрæсейы  æхсæн  дыууæфарсон  æмбæстагады  фæдыл а.х.  быдзырд. Æмбæлгæ  документ  Андрей Руденко   бавдыста.