Парламент рахæцыд закъоны проекты фарс, кæцымæ гæсгæ аивдзысты  раздæры Хуссар Ирыстоны автономон зылды территорийыл рæстæгмæйы административон-территориалон иуæджы администраци
Парламент рахæцыд закъоны проекты фарс, кæцымæ гæсгæ аивдзысты раздæры Хуссар Ирыстоны автономон зылды территорийыл рæстæгмæйы административон-территориалон иуæджы администраци

Парламент æртыккæгæм бакасты йæ фарс рахæцыд «Раздæры Хуссар Ирыстоны конфликт сабырадон æгъдауæй аиуварс кæныны тыххæй æмбæлон уавæртæ саразыны тыххæй» æмæ «Раздæры Хуссар Ирыстоны конфликты амæттæгты исбоны реституцийы æмæ компенсацийы тыххæй Гуырдзыстоны закъæтты æнæхъуаджы расидыны тыххæй» закъоны проектæн.

Закъоны проект райста парламент 83 хъæлæсæй, æмхъæлæсæй.

Закъоны проектмæ гæсгæ, 2026 азы 1 январæй раздæры Хуссар Ирыстоны автономон зылды территорийыл рæстæгмæйы административон-территориалон иуæг æмæ рæстæгмæйы административон-территориалон иуæг – Хуссар Ирыстоны администрацийы администраци скусын кæндзысты.

Уымæй уæлдай ма раздæры Хуссар Ирыстоны автономон зылды территорийыл уæвæг рæстæгмæйы административон-территориалон иуæджы администрацийы кусджытæн, кæцытæ сæ куысты бынæттæй ссæрибар сты, уыдонæн бафиддзысты æртæ мæйы официалон мызды бæрц.

Уый фæдыл информаци Гуырдзыстоны парламент парахат кæны.