Арчил Талакъвадзе – Мамука Бахтадзейнæн сидæм æууæнк, дæттæм йын премьер-министры статус æмæ легитимаци
Мах Мамука Бахтадзейыл æууæндæм æмæ йын дæттæм премьер-министры статус æмæ легитимаци – уый фæдыл парламентон фылдæрты лидер Арчил Талакъвадзе, сæрмагонд брифингыл райхъусын кодта.
Уæдмæ та, парламент хицауады нырыккон скондæн æууæнкы расидыны фарстыл батагъдгонд æмгъуыдты æруынаффæ кæндзæн.
Парламентон фылдæрты лидер куыд дзуры афтæмæй, уымæй апарламент Мамука Бахтадзейæн дæтты фадат хицауады структурæйы ранæуæг кæныныл бакуса.
«Уымæн цæмæй мах цæрæм барадон паддзахады, цы ран закъон у иууыл сæйраг, ацы процедурæйæ парламенты хъахъъæнæм закъон, æмæ ацы рæстæджы, мамука Бахтадзейæн сидæм æууæнк æмæ легитимаци æмæ йын дæттæм фадат ацы реформæ сæххæст кæна.
Юридикъон процессы, кæцы ацы къуырийы хъуамæ ацæуæм, парламенты мидæг æндæр интепретацитæ нæй æмæ йын нæдæр уыдзæн. Йæ иунæг сæйраг нысан у, цæмæй мах æууæнк расидæм ног премьер-министрæн æмæ йын раттæм фадат равдиса хицауады ранæуæггонд структурæ æмæ сконд» – райхъусын кодта парламентон фылдæрты лидер.
Гуырдзыстоны парламентмæ æууæнк райсынæн хицауады сконд официалонæй бавдыстæуыд.
Бюройы абоны рабадтыл министртæм кандидаттæм байхъусыны график сбæлвырд ис. Парламенты сæрдар Ираклий Кобахидзе куыд банысан кодта афтæмæй, 19 июны, министртæм кандидаттæм æмæ хицауадон программææмæ байхъусдзысты иугонд комитеттыл, фракциты, каддæрдæрты æмæ фылдæрты рабадтытыл.
Ираклий Кобахидзейы информацийæ, 20 июны, сырæздзæн парламенты уæлрадон рабадт, кæцыйыл парламент хицауадæн æууæнк расидыны фарстыл фæуынаффæ кæндзæн.