Арчил Талакъвадзе – Мамука Бахтадзейнæн  сидæм  æууæнк, дæттæм йын премьер-министры статус  æмæ легитимаци
Арчил Талакъвадзе – Мамука Бахтадзейнæн сидæм æууæнк, дæттæм йын премьер-министры статус æмæ легитимаци

Мах  Мамука  Бахтадзейыл æууæндæм  æмæ   йын дæттæм премьер-министры статус  æмæ легитимаци –  уый фæдыл  парламентон фылдæрты лидер  Арчил Талакъвадзе,   сæрмагонд брифингыл райхъусын кодта.

Уæдмæ та,   парламент  хицауады   нырыккон  скондæн   æууæнкы  расидыны фарстыл   батагъдгонд  æмгъуыдты  æруынаффæ кæндзæн.

Парламентон   фылдæрты лидер  куыд дзуры  афтæмæй,   уымæй  апарламент   Мамука Бахтадзейæн дæтты  фадат    хицауады структурæйы ранæуæг кæныныл бакуса.

«Уымæн цæмæй  мах  цæрæм  барадон паддзахады,  цы ран закъон  у иууыл сæйраг,  ацы процедурæйæ   парламенты  хъахъъæнæм  закъон,  æмæ ацы рæстæджы, мамука Бахтадзейæн  сидæм æууæнк æмæ  легитимаци  æмæ йын дæттæм фадат ацы  реформæ сæххæст кæна.

Юридикъон  процессы, кæцы   ацы  къуырийы  хъуамæ ацæуæм,  парламенты мидæг  æндæр интепретацитæ нæй æмæ йын нæдæр уыдзæн.  Йæ  иунæг  сæйраг нысан у,  цæмæй мах æууæнк  расидæм  ног  премьер-министрæн æмæ йын  раттæм  фадат  равдиса  хицауады ранæуæггонд  структурæ æмæ сконд» – райхъусын кодта  парламентон фылдæрты лидер.

Гуырдзыстоны парламентмæ  æууæнк райсынæн  хицауады сконд официалонæй  бавдыстæуыд.

Бюройы  абоны рабадтыл  министртæм кандидаттæм байхъусыны график  сбæлвырд ис.  Парламенты сæрдар Ираклий Кобахидзе  куыд банысан  кодта афтæмæй,   19 июны,  министртæм  кандидаттæм æмæ хицауадон программææмæ байхъусдзысты  иугонд   комитеттыл,  фракциты,  каддæрдæрты  æмæ фылдæрты рабадтытыл.

Ираклий Кобахидзейы информацийæ,   20 июны,   сырæздзæн  парламенты уæлрадон  рабадт,  кæцыйыл   парламент  хицауадæн æууæнк расидыны фарстыл фæуынаффæ кæндзæн.