Арчил Талакъвадзе бавдыста æвзарæнон закъондæттынады фылдæрты бакуыст ивдтыты проект
Партиты æмфинансдзинады системæ фылдæр рæстаг æмæ объективон моделæй æрцæудзæн ивд – уый фæдыл парламенты сæрдар Арчил Талакъвадзе абон брифингыл райхъусын кодта, кæцы æвзарæнон зæкъондæттынады реформæйы кусæн къорды фембæлды размæ, фысымуат «Шератон Гранд Тбилиси Метехи Паласы» ацыд.
Парламенты сæрдар, æвзарæнон закъондæттынады ивдтытæ бавдыста.
«Равдисдзынæн уын ахæм ивдтытæ: конституцион закъонопроекты, кæцымæ гæсгæ, 2020 азы æвзæрстытæ уагъд æрцæудзæн пропорцион æгъдауæй æмæ нулы бæрц барьерæй; дыккаг – ивд æрцæудзæн партиты финансдзинады системæ рæстагдæр æмæ объективондæр моделæй, кæцымæ гæсгæ партий, кæцы иу мандат уæддæр райсдзæн парламенты, уымæ лæвæрд æрцæудзæн финансдзинад æвзæрстыты райст хъæлæстæм гæсгæйæ, ног рухсдзыд æмæ хуымæтæгæй æнцонæмбарæн формулæйæ. Лыстæг партитæ райсдзысты абаргæйæ фылдæр финансдзинад;
Æртыккаг – парламентмæ цы партий бафтдзæн, кæцымæ æвзæрстыты бавдыст, партион номхыгъды, алы æртæ кандидатæй иу хъауджыдæргонд æрдон уыдзæн, райсдзæн 30 процентон мандат, кæы æмтгæйон финансдзинады солидон бонус у», – райхъусын кодта Арчил Талакъвадзе.
Уымæй дарддæр ма, парламенты сæрдары ныхæстæм гæсгæ, ивдтыты æнæфидгæ иумæйаг эфирон рæстæг рæстагæй, æмбæрцæй райуæрст æрцæудзæн политикъон партитæм, æнæруадзгæ уыдзæн иу партийы æрдгæй сæрмагонд эфирон рæстæг адæттын æндæр партимæ. Телеуынынадон дебатты хайад та, æмбæрцæй уыдзæн гæнæн.
«Централон æвзарæнон камис, афтæдæр дæллаг æмвæзы æвзарæнон камистæ комплектгонд æрцæудзысты 13 уæнгæй, кæцыты авд уæнгы политикон партитæ афтæ бавдисдзысты æмæ оппозицимæ, фæткдæттæг партиимæ абаргæйæ уыдзæн фылдæр бынæттæ камисы»,- райхуъсын кодта парламенты сæрдар.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, æвзæрстытыагъоммæ кампании финансдзинадыл цæстдард æмæ кантрол уыдзæн эффективон, рухсдзыд æмæ къаддæр бюрокративон.
«Партийы регистрацийы ауадзын 2020 азы æвзæрстытæм уыдзæн гæнæн 5 мин фарсхæцæгы къухфысты, æрмæст фарсхæцджыты номхыгъдты асгæрсты механизм та фенцондæр уыдзæн.
Къаласкæйæ пайдагæнæг æвзæрстгæнæгмæ уыдзæн бар, схъæлæс кæнынæн йæхæдæг равзара æмбæлон æвзарæнон бæстæйы территорийыл уæвæг кæцыфæнды адаптиргонд æвзарæнон фадыг, æвзæрстыты онг 20 боны æмгъуыдмæ æмæ алкæцы бæстæ хæсджын уыдзæн, цæмæй иууыл цъус, дыууæ адаптиргонд фадыг йæм уа уыцы гоймæгтæн, кæцытæм ис сæрмагонд домæнтæ»,- банысан кодта Арчил Талакъвадзе.
Афтæдæр йæ ныхæстæм гæсгæ, регулиргонд æрцæудзæн бюллетенты æцæгдзинады регулиркæныны æгъдау. Бюллетены æрмæст уыцы цауы банымайдзысты мæнгыл, кæд æмæ хаххгонд нæ уыдзæн никæцы, кæнæ та иуæй фылдæр æвзарæнон субъект.
«Нæхи æрдгæй, куыд æй уынæм афтæмæй, иу политикъон фæнд æмæ цæттæдзинад, ауадзæм ацы ахсджиаг реформæ. Куы æй æмбарут афтæмæй, ЕÆÆО-ы демократийы æмæ адæймаджы барты офисы рекомендацитæ не нхъарæны нымадмæ ист сты», – загъта Талакъвадзе.
Афтæма, парламенты сæрдары ныхæстæм гæсгæ, ацы ивдтыты бахъæудзæн оппозицийы фарсхæцын æмæ се рдгæй бæрн сæхимæ райст дæр.
«Растдæр ацы нысанæй абон уадзæм кусæн фембæлд, кæцыйыл хайад райсын ис гæнæн уæрæхæй»,- райхъусын кодта уый фембæлды размæ уагъд брифингыл.