Арчил Талакъвадзе бавдыста æвзарæнон закъондæттынады фылдæрты бакуыст ивдтыты проект
Арчил Талакъвадзе бавдыста æвзарæнон закъондæттынады фылдæрты бакуыст ивдтыты проект

Партиты  æмфинансдзинады системæ  фылдæр рæстаг æмæ  объективон  моделæй   æрцæудзæн ивд –  уый фæдыл   парламенты сæрдар Арчил Талакъвадзе абон   брифингыл  райхъусын кодта,  кæцы æвзарæнон   зæкъондæттынады  реформæйы  кусæн  къорды фембæлды размæ, фысымуат  «Шератон Гранд Тбилиси Метехи Паласы»  ацыд.

Парламенты сæрдар, æвзарæнон закъондæттынады ивдтытæ  бавдыста.

«Равдисдзынæн уын  ахæм ивдтытæ: конституцион закъонопроекты, кæцымæ  гæсгæ, 2020  азы  æвзæрстытæ  уагъд æрцæудзæн   пропорцион æгъдауæй  æмæ  нулы  бæрц  барьерæй; дыккаг –  ивд  æрцæудзæн   партиты финансдзинады  системæ рæстагдæр æмæ объективондæр моделæй, кæцымæ гæсгæ  партий, кæцы иу  мандат уæддæр райсдзæн парламенты,  уымæ лæвæрд æрцæудзæн  финансдзинад  æвзæрстыты  райст хъæлæстæм  гæсгæйæ, ног рухсдзыд æмæ хуымæтæгæй  æнцонæмбарæн формулæйæ. Лыстæг партитæ  райсдзысты  абаргæйæ   фылдæр финансдзинад;

Æртыккаг – парламентмæ  цы партий  бафтдзæн, кæцымæ  æвзæрстыты  бавдыст, партион   номхыгъды, алы  æртæ кандидатæй иу хъауджыдæргонд æрдон уыдзæн, райсдзæн  30 процентон мандат,  кæы æмтгæйон финансдзинады солидон бонус у», – райхъусын кодта Арчил Талакъвадзе.

Уымæй дарддæр ма, парламенты  сæрдары ныхæстæм гæсгæ,  ивдтыты æнæфидгæ иумæйаг эфирон рæстæг рæстагæй, æмбæрцæй   райуæрст æрцæудзæн  политикъон партитæм,  æнæруадзгæ  уыдзæн  иу партийы æрдгæй  сæрмагонд эфирон рæстæг  адæттын  æндæр партимæ.   Телеуынынадон  дебатты хайад та, æмбæрцæй  уыдзæн гæнæн.

«Централон æвзарæнон камис,  афтæдæр дæллаг  æмвæзы æвзарæнон  камистæ   комплектгонд æрцæудзысты  13  уæнгæй,  кæцыты авд уæнгы  политикон партитæ афтæ бавдисдзысты æмæ  оппозицимæ, фæткдæттæг партиимæ абаргæйæ  уыдзæн  фылдæр бынæттæ  камисы»,- райхуъсын кодта парламенты сæрдар.

Йæ ныхæстæм гæсгæ,  æвзæрстытыагъоммæ  кампании финансдзинадыл цæстдард  æмæ кантрол  уыдзæн эффективон, рухсдзыд æмæ къаддæр  бюрокративон.

«Партийы регистрацийы ауадзын 2020  азы  æвзæрстытæм  уыдзæн гæнæн  5 мин  фарсхæцæгы  къухфысты, æрмæст фарсхæцджыты номхыгъдты  асгæрсты механизм та  фенцондæр уыдзæн.

Къаласкæйæ пайдагæнæг   æвзæрстгæнæгмæ уыдзæн бар, схъæлæс кæнынæн  йæхæдæг равзара  æмбæлон æвзарæнон  бæстæйы  территорийыл уæвæг кæцыфæнды  адаптиргонд  æвзарæнон фадыг, æвзæрстыты онг 20 боны æмгъуыдмæ æмæ  алкæцы бæстæ хæсджын уыдзæн, цæмæй  иууыл цъус, дыууæ адаптиргонд  фадыг  йæм уа  уыцы гоймæгтæн,  кæцытæм ис  сæрмагонд  домæнтæ»,- банысан кодта Арчил Талакъвадзе.

Афтæдæр йæ ныхæстæм гæсгæ, регулиргонд æрцæудзæн  бюллетенты æцæгдзинады регулиркæныны æгъдау. Бюллетены  æрмæст уыцы  цауы  банымайдзысты мæнгыл, кæд æмæ  хаххгонд нæ уыдзæн никæцы, кæнæ  та  иуæй  фылдæр  æвзарæнон субъект.

«Нæхи æрдгæй, куыд æй  уынæм афтæмæй, иу политикъон фæнд  æмæ цæттæдзинад, ауадзæм ацы  ахсджиаг реформæ. Куы æй æмбарут афтæмæй,  ЕÆÆО-ы  демократийы æмæ  адæймаджы  барты  офисы  рекомендацитæ  не  нхъарæны  нымадмæ ист сты», – загъта Талакъвадзе.

Афтæма,  парламенты сæрдары  ныхæстæм гæсгæ, ацы ивдтыты бахъæудзæн  оппозицийы  фарсхæцын æмæ  се рдгæй  бæрн сæхимæ  райст дæр.

«Растдæр ацы нысанæй   абон  уадзæм  кусæн фембæлд, кæцыйыл   хайад райсын ис гæнæн  уæрæхæй»,- райхъусын кодта уый  фембæлды размæ   уагъд  брифингыл.