Арчил Талакъвадзе - АИШ-ы Хельсинкийы комиссийы фидиуæн амоны, цæмæй азты дæргъы Гуырдзыстон æхсæнадæмон дзыллæйæн нæфæсайгæ партнер уыд
АИШ-ы Хельсинкийы комиссийы фидиуæн амоны, цæмæй азты дæргъы Гуырдзыстон æхсæнадæмон дзыллæйæн нæфæсайгæ партнер уыд, ауагъдта уыцы реформæтæ, кæцы Ныгуылæнимæ нæ кæрæдзиуыл æууæнк бæрæг кæны, – уый фæдыл Гуырдзыстоны парламенты вице-спикер Арчил Талаквадзе райхъусын кодта.
Йæ дзырдæй, зæгъгæ Гуырдзыстон уыдис æмæ у НАТО-йы æнæуæнг бæстæты æхсæн сегасдæр стыр контрибютор, кæцыйы тыххæй æвæццæгæн ис ахæм типы аргълæвæрдтæ æхсæнадæмон аренæйыл.
«Кæй зæгъын æй хæъуы, АИШ-имæ нын сæрмагонд стратегион æмгуыстад ис, кæцы фæстаг азты рахатинагæй райрæзтис. Афтæма Гуырдзыстонмæ ис нысаниугджын æмгуыстад æмæ стратегион партнерад НАТО-имæ. Фæстаг азты дæргъы ауагъдтам НАТО-ы сегасдæр егъау æфсæддон азуыртæ æнæуæнг бæстæйы æмæ Гуырдзыстон уыдис æмæ у ацы азты дæргъы НАТО-йы æнæуæнг бæстæты æхсæн сегасдæр стыр контрибютор, кæцыйы тыххæй æвæццæгæн ис ахæм типы аргълæвæрдтæ æхсæнадæмон арæнайыл», – райхъусын кодта Арчил Талакъвадзе.
АИШ-ы Хельсинкийы комисси, президент Джо Байденмæ æрсидтис, Украина æмæ Гуырдзыстонæн НАТО-йы æнæуæнг сæйраг æмцæдисонты статус ратта.