Австрий йæ фарс хæцы Гуырдзыстоны суверенитетæн, территорион æнæхъæндзинадæн æмæ фауæм оккупаци, хæст, кæцыйы фæстиуæгæн зынтæ взары Гуырдзысто, – уый фæдыл Гуырдзыстоны Австрийы минæвар, Арад Бенко Мухатгвердийы æфсымæрон ингæныл уæвгæйæ райхъусын кодта.
Минæвар куыд загъта афтæмæй, зæгъгæ Австри алцыппæт сараздзæн, цæмæй баххуыс кæна Гуырдзыстонæн Европæйы æрдæм фæндангыл.
Фарстыл, зæгъгæ чи райдыдта хæст, минæвар банысан кодта: «Ай тынг политикъон фидиуæн у, мæ хъуыдымæ гæсгæ, иттæг бæрæг у, цæмæй ацы политикъон тохы ис иу æвзæр лæппу. Гуырдзыстоны тынг поляризацигонд уавæр ис æмæ фылдæр нысаниуæгджын у, Гуырдзыстоны алы политикъон тых, тох кæна иу фарстайæн: Евроинтеграцийæн, демократийæн, закъоны сæйрагдзинадæн, цæй зæгъын æй хъæуы сæрибар медийæн. Мæ хъуыдымæ гæсгæ, тынг зын у рацæуæн ссарын æмæ искæй фæзылынджын кæнын, уымæн афтæмæй ницы хорз æфты, уымæй нысаниуæгджындæр у, цæмæй фидæны æрдæм кæсæм. Цæй зæгъын æй хъæуы, хæст райдыдта Уæрæсе, фæлæ тынг бирæ цыдæр нæу бæрæг. Мæ хуъыдымæ гæсгæ, Уæрæсе у уый, чидæриддæр гуырдзыстоны территориты оккупаци скодта».