Антонио Гуттереш  «Нæмыгонты бадзырды» æркæсынмæ  Киевмæ ныццыд
Антонио Гуттереш «Нæмыгонты бадзырды» æркæсынмæ Киевмæ ныццыд

ИНО-йы   генералон нымæрдар  Антонио Гуттереш  а.х.  нæмыгонты  бадзырды   æркæсынмæ Киевмæ  ныццыд.  Уый  президент Володимир Зеленскиимæ бадзырд адарддæр кæныны  æмæ   æндæр актуалон фарстаæ æркæсдзæн.

Уæвæг  бадзырды æмгъуыд, кæцы  Сау денджызы  порттæй   нæмыгонты  экспорт дары  йæ хъуыдыйы   18   марты  фæуд кæны. ацы бадзырд адарддæрыл у баст   глобалон   æргъты   ма фесафын  æмæ хæринаг  продуктты  дефицит ма руадзын, уæлдайдæр та   мæгуыр  бæстæты.

Уæрæсейы фæсарæн  хъуыддæгты министрады  хъусын кæнынц, цæмæй фæнысангонд    бадзырды   домæнтæ  не ххæст кæнынц ныгуылæйнаг бæстæтæ  æмæ  курынц, цæмæй бадзырды  адарддæры  цауы,   сæ зæрдыл  бадарой  уырыссаг хъæууон-хæдзарадон интерестæ.

Ивгъуыд къуырийы  АИШ-ы   паддзахадон  нымæрдар, Энтони Блинкен  райхъусын кодта, цæмæй  Уæрæсе  «нæмыгонты  бадзырды» æлхъывды  инструментæй   пайда кæны æмæ фæстаг мæйты дæргъы   систематон æмæ   барæй  халдта  йæ домæнтæ.