Анджей Дуда  Радæйы дзырдæй   рацыд -  афон у, Украинаимæ  хæларсыхагдзинады фæдыл ног бадзырд бафыссын
Анджей Дуда Радæйы дзырдæй рацыд - афон у, Украинаимæ хæларсыхагдзинады фæдыл ног бадзырд бафыссын

Вашава æмæ Киевы  хæлар ахастытæм гæсгæйæ, кæцы  сæрмагондæй  фæбæрæг ис Украинайы  ныхмæ  Уæрæсейы  æххæстмашстабон  хæсты уавæрты, Украина æмæ  Польшæйы æхсæн  хæларсыхагдзинады фæдыл  ног бадзырд бафыссыны  афон æрлæууыд –  уый фæдыл Полльшæйы президент  Анджей Дуда Украинайы  Бæрзонддæр Радæйы   дзырдæй ралæуды рæстæджы   райхъусын кодта.

Анджей Дудайыл  Бæрзонддæр Радæйы  депутаттæ овацитимæ  сымбæлдысты.

«Фидар мæ уырны, цææмй  афон у, хæларсыхагдзинады фæдыл  ног  бадзырд бафыссыны  рæстæг æрлæууыд, кæцы йæ хъуыдыйы дары уый, цæмæй  цы сарызтам нæ ахастыты  иууыл цъус  фæстаг мæйты мидæг» – райхъусын кодта  Дуда.

Йæ дзырдæй,  зæгъгæ Уæрæсейы  агресси равдыста, цæмæй Украина æмæ Польшæйы  æхсæн  фæндагон, æфсæнвæндагон æмæ инфраструктурон   коммуникациты хызаг æгъгъæд нæу. Уымæ  ма  бафтыдта,  цæмæй æнæмæнгхъæугæ  у  фæнысангонды тыххæй бакусын æмæ Польшæ-Украинайы арæн, дих нæ фæлæ  – хъуамæ  баиу уа.

Дудайы  фидиуæнæй,   зæгъгæ цырд æфсæвæндагон  бастдзинад Киев æмæ  Варшавайы  æхсæн  хуъамæ  уа  Польшæ-Украинайы  дзæбæх  ахастыты нысан. «Мах уый  иумæ  сараздзыстæм» – банысан кодта польшæйаг  лидер.

Закъондæттæг  органы  афтæдæр сты  Украинæйы   президент  æмæ Хицауады минæвæрттæ.

Украинаг  медийы хъусинагæй,  Володимир Зеленски  раарфæ кодта  Польшæйæн сæ  æххуысы тыххæй  æмæ банысан кодта,ц æмæй  æввахс  фидæны  ист æрцæудзæн  закъонопроект «Украинайы  Польшæйы æмбæстæгты  специалон барадон статусы фæдыл.

Афтæма абон,  Анджей Дудайы æмæ Володимир Зеленскийы  æрæмдзых фембæлд. Ацæудзæн   бадзырдтæ  дыууæ бæстæйы  делегациты æхсæн.  Анджей дуда Украинамæ фæстаг хатт фæуазæг ис апрелы  астæу бонты, оккупанттæй ссæрибаргонд Буча, Ирпын  æмæ Бородянкамæ бæрæгдзау куы ныццыд уæд.