Анджей Дуда – ныфс нæ ис, нæдæр афтæ дард периоды, Гуырдзыстонмæ лæвæрд уыдзæн статус, уыдзæн Евроцæдисы æххæстбарджын уæнг, бахиздзæн НАТО-мæ, Польша  ацы тырнандты фарсдарæг у
Анджей Дуда – ныфс нæ ис, нæдæр афтæ дард периоды, Гуырдзыстонмæ лæвæрд уыдзæн статус, уыдзæн Евроцæдисы æххæстбарджын уæнг, бахиздзæн НАТО-мæ, Польша ацы тырнандты фарсдарæг у

Польшæйы Республикæйы  президент Анджей Дудайы фидиуæнæй,   Польшæ  йæ фарс хæцы  Гуырдзыстоны европаг æмæ евроатлантикон  тырнынадæн.

Анджей Дуда  Гуырдзыстоны президент Саломэ Зурабишвилиимæ иумæйаг брифингыл куыд райхъусын кодта афтæмæй,  Евроцæдис æмæ НАТО-ы  уæнгсуæвын  Гуырдзыстонæн ратдзæн  ноджы хуыздæр уавæртæ  экономикон  райрæзты  æмæ политикон  æдасдзинады æрдгæй.

«Æз куыд  Польшæйы  президент, цытджын  президентæн  ноджы  иу  хат бæлвырд загътон   Польшæйы  æнæфæцудгæ  фарсхæцыны тыххæй  Гуырдзыстоны  европаг æмæ евроаталантикон   тырнынады фарстайы. Ныфс  нæм ис  цæмæй  нæдæр афтæ  дард  периоды, Гуырдзыстон райсдзæн   кандидаты статус, уыдзæн   Евроцæдисыæххæстбарджын  уæнг бæстæ, афтæма  бахиздзæн НАТО-мæ.  Польшæ кæддæриддæр  йæ фарсхæцыд  Гуырдзыстоны ацы тырнандæн æмæ  афтæ адарддæр кæндзæн. Уый нæ иумæйаг  æдасдзинады фарста у. Евроцæдисы æмæ НАТО-йы  уæнгсуæвын Гуырдзыстонæн ратдзæн ноджы фылдæр  дзæбæх фадæттæ, цæмæй экономикон  рæзынад  æмæ политикон  æдасдзинад ссара.  Ноджы иу хатт мæ фæнды  стыр бузныг зæгъын цытджын президентæн  æрцæуыны тыххæй» – райхъусын кодта Анджей Дуда.