Анджей Дуда – Бучайы  камтæй бæрæг у, цæмæй  æнæмæнгхъæугæ нæу цыфæнды аргъæй компромисстæ агурын
Анджей Дуда – Бучайы камтæй бæрæг у, цæмæй æнæмæнгхъæугæ нæу цыфæнды аргъæй компромисстæ агурын

Бучайы фототæй  зыны, цæмæй  цыфæнды аргъæй  æнæмæнгхæъугæ нæу агрессоримæ компромисстæ агурын, – уый фæдыл  Польшæйы  президент  Анджей Дуда  райхъусын кодта.

Польшæйы  президенты дзырдæй,  Украинайæн хъæуы  хæцæнгарз бадæттын.

«Фыдгæнджытæ хъæуы  фыдгæнджытыл банымайын,  дзуаппмæ æмæ тæрхонмæ  лæвæрд хъуапмæ æрцæуæд. Бучайы  къамтæ  цух кæнынц уый уырнынад,  цæмæй  компромисс  цыфæнды аргъæй агурын нæхъуаджы у.  Æцæгæй, Украинайы хъахъхъæнджытæн, фыццаджы дæр хъæуы  æртæ  цыдæр: хæцæнгарз, хæцæнгарз æмæ ноджы  фылдæр  хæцæнгарз», – фыссы   Анджей Дуда  «Твиттеры».

Уæдмæ  Польшæйы   премьер-министр, Матеуш  Морвиецки  райхъусын кодта, цæмæй  Уæрæсейы  ныхмæ   санкцитæ фæкарздæр кæнын хъæуы.  Моравиецкийы  дзырдæй,  æнæмæнгхæъугæ у Уæрæсеимæ цыфæнды базарадон ахастытæ  аскуынын.