Андриус Кубилиусы хъуыдымæ гæсгæ, пропорцион системæйæн йæ бон у æвзæрстытыл бирæ балансгонддæр фæстиуджытæ æрхæссын
Тбилис Евронесты парламентон ассамблейы радæй æстæм æрвылазон сессийæн фысым кæны- «Скæсæн Партнерады фидæны цæстæнгас». Сесси дыууæ боны дæргъы цæудзæн æмæ сæйраг æркæсинаг фарста, Скæсæн партнерады политикъæйы фидæн уыдзæн.
«Абон Мах райдайæм Евронесты сесси, кæцы дыууæ бон аххæсдзæн. Сæйраг æркæсинаг фарста уыдзæн Скæсæн Партнерады политикъæйы фидæн. Зонут æй, цæмæй Скæсæн партнерады программæ ацы аз йæ бындурæвæрдæй 10 азы сæр банысан кæндзæн. Бирæ æнтыстмæ æрцыдыстæм. Ис раздзог бæстæтæ, цахæм дæр сты Украина, Гуырдзыстон æмæ Молдова, кæцытæм ис ассоциацидзинады æмæ сæрибар базарады фæдыл бадзырд, афтæдæр ис ноджы æндæр æртæ бæстæ, кæцыты уавæр спецификон у. Æркæсдзыстæм цы хуызы стратеги хъуама уа Скæсæн Партнерады политикъæйæн фидæн 10 азы дæргъы», – райхъусын кодта Андриус Кубилиус.
Цыдæриддæр та оппозици æмæ хицаугæнæг партийы æхсæн политикъон даилогмæ æххæссы, Андриус Кубилиусы дзырдй, зæгъгæ знон диалог æнтыстджын уыд. Йæ хъуыдымæ гæсгæ, пропорцион системæйæн йæ бон у æвзæрстытыл бирæ балансгонддæр фæстиуæг æрхæссын.
«Куыд æмбарын, афтæмæй, ис ацы диалогы адарддæры фæдыл бадзырд. Сæрмагондæй та уыцы фарстайыл, цæмæй куыд хъуамæ сæххæст уа æвзарæнон системæйы модернизаци. Æрсидин фылдæр пропорциондзинадмæ, кæцыйæн йæ бон у, бирæ балансгонддæр фæстиуджытæ æрхæссын фидæн азы æвзæрстыты фæстæ, кæцы у иттæг нысаниуæгджын. Ацы хъуыддагыл хъуамæ хъуыды кæнæм Скæсæн Партнерады алы бæстæ, уымæн æмæ Скæсæн Партнерады уæнг паддзахадты фæстагрæстæгон фæзындты, бирæты сæ уынæм иу феномен, кæцы нæ бон у схонын, моно-фылдæрты, кæнæ супер-фылдæрты формирдзинад. Иуы æрдгæй, уымæй дæм лæвæрд цæуы реформæты фæцырддæр кæныны фадат, иннæ æрдгæй та – ахæм хуызы фылдæртæ куы вæййы, уæд сæвзæры фылдæртæй æвзæр демокративон фæндæгтæй спайда кæныны цыбæллаг»,- банысан кодта Андриус Кулибиус.