Европарламенты  æддæ ахастыты комитеты рабадтыл Гуырдзыстоны хицауады æрдæм  критикон фиппаинæгтæ  райхъустысты
Европарламенты æддæ ахастыты комитеты рабадтыл Гуырдзыстоны хицауады æрдæм критикон фиппаинæгтæ райхъустысты

Европарламенты  æддаг ахастыты  комитеты   арызт  рабадтыл, фæуынаффæ  кодтой  Гуырдзыстоны  уæвæг  уавæры фæдыл.

«Европæйы  Алдæмон Партийы»  уæнг Сандра  Калниете  Гуырдызстоны хицауад   пропорцион системæмæ  ахизыны фæдыл дзырдлæвæрд  æнæ сыххæсты  тыххæй  скритикæ  кодта.  Афтæдæр йæ ныхасмæ гæсгæ,    уынгтæм адæмы,  оппозици нæ фæлæ   хицауад  цы къахдзæфтæ  аразы,  уый  ракодта.

Европарламентар   Ана Фотига   йæ  ралæуды,  Гуырдзыстоны  2019  азы  июны ацæугæ протестон  акциты кой ракодта æмæ   загъта, цæмæй зæгъгæ демонстрацитæ   уый  фæстæ райдыдтой,    парламентмæ уырыссаг депутат куы  бацыд, Гуырдзыстоны  хицауадимæ разыгондæй.

Европарламентар  Михаэл  Галер  та,  Гуырдзыстоны  евроинтеграцийы  къурсæн  æххуыс  банфысвæрта, фæлæ  уыцы  рæстæджы,  æрсидтис  Гуырдзыстоны  хицауадмæ,  сыххæст кæна  йæ æмбæстæгтæн цы   дзырд ратта раздæр  уый.

«Европæйы  Аæдмон Партийы»  уæнг   Раса  Юкневечинейы  дзрдæй,   Гуырдзыстонæн   зæгъгæ ацы  аз у  тынг нысаниуæгджын  аз æмæ  бæстæйы  бахъæудзæн  ноджы иу  экзамен раттын. Афтæдæр йæ ныхæстæм гæсгæ,   зæгъгæ  ацы  фоныл  хицауады  уæнгты æрдгæй,  «æвзæр позицийы»  кой  кæнын нæрайсгæ у.

«Тынг хъыгаг  у, хицауады  уæнгæй  куы  хъусыс  ныхас «æвзæр позицийы» тыххæй.  Ахæм  цыдæр демократиты  æхсæн никуы вæййы.  Куы  уынæм  бырст  оппозицийы, æнæхицауадре  организациты,  медийы минæвæрттæм  æмæ  демонстранттæм, уый  Гуырдзыстонæн,  Европарламенты ног  хæлæрттæ  бацагуырды хъуыддагæн пайдаджын нæу.  Ахæм амæлттæй,   сымах евроинтеграцийы  фылдæр æххуыс   нæ райсдзыстут.  Фехъусын кæнут  уый  «Гуырдзиаг Бæллиццы»  лидер Иванишвилийæн» – райхъусын кодта  Юкневечине.

Афтæма,  европарламентар  Андриус Къубилиус  баздæхт Гуырдзыстоны  делегацийы  уæнгтæм.

«Фæнды мæ  зæгъын уын, цæмæй   мæ хуымæтæг  сигнал  фехъусын кæнат  уæ  партийы лидертæн.  Уыдон  мын баныфсвæрдтой, цæмæй  диалог  фæстиуæг æрхастаид.  Æвзæрстытæм хаст æрцыдаит  пропорцион  элементтæ.   Æз та  фæстæмæ  æнхъæлмæ  кæсын уымæ, цæмæй  кæд   бавдисдзысты  ацы  фæстиуджытæ. Уымæн æмæ  ацы ф æстиуджытæ  цухæй,   æхсæнадæмон æууæнк  уæ æвзæрстыты  æрдæм,  тынг лимитиргонд уыдзæн.

Афтæдæр уæ бон  зæгъат  мын,  ис  æви нæ  Гуырдзыстоны  оппозиционер лидертæ,   кæцытæм генералон прокуратурæмæ нæ фæсидтысты?» –  райхъусын кодта  Кубилиус.