Андрей Руденко - Гуырдзыстоны фæндон, суа Евроцæдис æмæ НАТО-ы уæнг, раст æвзæрст нæу
Гуырдзыстоны фæндон, суа Евроцæдисы æмæ НАТО-йы уæнг, нæ хъуыдымæ гæсгæ раст æвзæрст нæу, уый та сцырын кæндзæн эскалаци, ныттынг кæндзæн уавæр регионы – Гуырдзыстоны Фыццаг Каналы журналист куыд хуъсын кæны афтæмæй, уый фæдыл Уæрæсейы фæсарæн хъуыддæгты министры хæдивæг, Андрей Руденко Женевайы райхъусын кодта.
Руденко дзуапп ратта фарстæн, кæцымæ гæсгæ дæр Гуырдзыстон хъавы 2024 азы куырдиат бахæссын Евроцæдисы уæнгæй суæвыныл æмæ та тырны НАТО-йы рдæм.
«Зонæм, куыд айтынг сты фæзындтæ 2008 азы, Бухаресты саммитыл Гуырдзыстон æмæ Украина НАТО-йы уæнгсуæвыны фæдыл сигналтæ куы райстой. Нæ хъуыдымæ гæсгæ, уыцы рæстæджы Саакашвили уый банымадта куыд бæрæг сигнал, карт-бланш тыхон операцитæн. Цæмæй фæцис уый, мах лчи дзæбæх зонæм æмæ абоны онг ууыл кусæм. Европæ æмæ НАТО-мæ тырнын дæр, ноджы иу хатт дзурын, нæ хъуыдымæ гæсгæ раст æвзæрст нæу æмæ бынтон нæхъуаджы у. Гуырдзиаг политиктæ сæхæдæг хъуамæ ахицæн кæной цы сæ фæнды, стабилондзинад æмæ прогнозы саразæн цæмæй ис ахæм уавæры цæрын, æви иудадзыгæй сæмбæлын мæнгæфсондзинадыл, кæцы ноджы фидардæр суыдзæн, Гуырдзыстон НАТО-йы уæнг куы суа уæд» – райхъусын кодта Руденко.
Женевæйы цæуы æхсæнадæмон бадзырдты радон 52-æм раунд.