Андрей Касьянов - Уæрæсе сабыр украинаг зæххыл хæст куы райдыдта, уæд нæм уыдис æнхъæлц, цæмæй Гуырдзыстон Украинайæн бирæ эффективонæй дæр баххуыс уыдаит, хъыгагæн афтæ не рцыдис
Зын рæстæджы, уырыссаг тыхæйбайсджытæ Гуырдзыстоны зæххмæ куы бабырстой, украинæгтæ æфсымæртау йæ фарсмæ слæууыдысты Гуырдзыстонæн. Нæ фарсхæцын уыдис æппæтылæххæссæг æмæ арæнгонд нæ уыд æрмæст политикон æмæ гуманитерон æххуысæй, – уый фæдыл Гуырдзыстоны Украинайы хъуыддæгты рæстæгмæ æвджыид лæг, Андрей Касьянов райхъусын кодта.
«90-æм азты райдайæны, Абхазы, æнаххос гуырдзиæгты цард фервæзын кæнынæн, украинаг барвæндонтæ æмæ тæхджытæ уыдысты уым. 2008 азы, уырыссаг оккупацийы рæстæджы, Гуырдзыстонмæ лæвæрд уыд фидар хæстæрмæг системæ уырыссаг агресси фæуромынæн. Уæрæсе сабыр Украинаг зæххыл хæст куы райдыдта, уæд махмæ дæр уыдис æнхъæлц, цæмæй Гуырдзыстон Украинайæн бирæ эффективонæй баххуыс уыдаит. Хъыгагæн, афтæ нæ рауад æмæ уый не нхъæлцыты æмбæлон нæу стратегион партнерадыл куы ныхас кæнæм уæд. Нæ стратегион, æфсымæрон ахастыты истори æмæ нырыккон нын дæттынц абсолютон уырнындзинад, ома Украина æмæ Гуырдзыстон уыдзысты иумæ, адарддæр кæндзысты размæцыд нæ адæмты раст, сабырадон æмæ перспективон фидæны тыххæй. Уырнæг стæм, цæмæй демократон дунейы консолидацигонд æххуысæй Украина фервæздзæни æмæ фæуæлахиз уыдзæн, æрмæст знаг та карз æфхæрд уыдзæн», – райхъусын кодта Андрей Касьянов Гуырдзыстон-Украинайы партнерады 30 азы сæрмæ нывонд мадзалыл.