Андрей Касьянов – Бузныг гуырдзиаг фарсæн украинаг лигъдæттæн фысымдзинады тыххæй
Гуырдзыстоны Украинайы хъуыддæгты рæстæгмæ æвджид лæг Андрей Касьянов лигъдæтты Дунеон бон банысан кæнынæн Тбилисы ботаникон паркы рацыд Солидарондзинады Маршмæ.
«Махæн ацы бон баууон ис цæугæ Уырыссаг агрессийæ Украинайы ныхмæ. Хъыгагæн, ацы æбуалгъ хæсты тыххæй, бирæ украинаг ссис хиæмбæхсæн агурæгæй. Кæй зæгъын æй хъæуы, зæрдæрухс стæм гуырдзиаг фарсæй, Гуырдзыстоны муниципалитеттæй, украинаг лигъдæттæн фысымдзинады тыххæй, кæцы дарддæр кæны æмæ уыдоны, алы хъæугæ дзаумайæ сифтонг кæныны тыххæй, цæмæй сæхи афтæ рахатой куыд сæ дыккаг хæдзары. Ацытæккæ Гуырдзыстоны 28 минæй фылдæр украинаг лигъдон ис», – райхъусын кодта Касьянов.