Анаклиайы порты æмæ сахар Анаклиайы проектыты Лондоны, «EBRD»-ы организацигонд конференцийыл «Outlook on Georgia 2017» æркæсдзысты.
Анаклиайы консуорциумы информацийæ, конференци кæцыйæн Европæйы реконструкцийы æмæ тынгады банкъ, æмæ «Emerging Europe» иуæмæ фысым кæнынц, æнæхъæнæй уыдзæн Гуырдзыстоны экономикон аууæлттыл арæзт.
Сæ информацийæ, конференцийы нысан у, Гуырдызстоны ног инвестицион фадæтты афæлгæсын æмæ бæстæйы экономикон потенциалы равдисын. «Анаклиайы райтынгы консорциум» «EBRD»-ы организацигонд конференцийы сæйраг партнер у.
Дискуссийы фæлгæтты Гуырдзыстоны куыд регоналон æлхынцъы, алвæндагы фадтæттæ æмæ ацы перспективæйы ставд инфраструктурон инвестициты ролыл уынаффæ кæнынц.
EBRD-Emerging Europe Outlook on Georgia экономикон темæйы уагъд конференциты серийы хай у, кæцыйыл европæйы реконструкцийы æмæ тынгады банкъ, æрхонгæ партнертимæ иумæ централон æмæ скæсæн европæйы бæстæты инвестицион æрдзы æмæ экономикон потенциалыл уынаффæ кæнынц.
Анаклиайы арфдойнаг порты арæзтад 2017 азы 20 декабры райдайдзæн. Наулæууæны фыццаг фазæ 2021 азы скусдзæн, порт фыццаг наутæ куы райсдзæн уæд. Проекты сæххæст кæнын плангонд у 9 фазæйæ æмæ йæ æппæтон бюджет у 2.5 миллиард АИШ доллар.