Анаклиайы порты проектыл ныхас кæнынц Лондоны EBRD-ы конференцийыл
Анаклиайы порты проектыл ныхас кæнынц Лондоны EBRD-ы конференцийыл

Анаклиайы  порты æмæ  сахар Анаклиайы  проектыты  Лондоны, «EBRD»-ы организацигонд   конференцийыл «Outlook on Georgia 2017» æркæсдзысты.

Анаклиайы  консуорциумы  информацийæ,   конференци  кæцыйæн Европæйы  реконструкцийы æмæ тынгады  банкъ,  æмæ «Emerging Europe»  иуæмæ  фысым кæнынц, æнæхъæнæй  уыдзæн  Гуырдзыстоны экономикон  аууæлттыл арæзт.

Сæ информацийæ,   конференцийы нысан у,   Гуырдызстоны ног   инвестицион   фадæтты  афæлгæсын æмæ бæстæйы   экономикон потенциалы  равдисын. «Анаклиайы райтынгы  консорциум»  «EBRD»-ы организацигонд  конференцийы  сæйраг  партнер у.

Дискуссийы фæлгæтты  Гуырдзыстоны куыд   регоналон æлхынцъы,  алвæндагы фадтæттæ æмæ ацы   перспективæйы  ставд инфраструктурон  инвестициты  ролыл уынаффæ кæнынц.

EBRD-Emerging Europe Outlook on Georgia  экономикон темæйы   уагъд   конференциты  серийы  хай  у, кæцыйыл  европæйы  реконструкцийы æмæ тынгады   банкъ,  æрхонгæ  партнертимæ иумæ  централон  æмæ скæсæн европæйы  бæстæты  инвестицион   æрдзы  æмæ   экономикон потенциалыл уынаффæ кæнынц.

Анаклиайы  арфдойнаг  порты арæзтад  2017  азы 20 декабры райдайдзæн.  Наулæууæны  фыццаг фазæ 2021 азы  скусдзæн,   порт фыццаг наутæ куы райсдзæн уæд.  Проекты сæххæст кæнын плангонд у 9 фазæйæ æмæ йæ æппæтон бюджет  у 2.5 миллиард  АИШ  доллар.