Анаклиайы порты арæзтады тыххæй, парламенты абон байхъусдзысты, регионалон тынгады министр Майя Цкитишвилимæ
Анаклиайы порты арæзтады тыххæй Гуырдзыстоны парламенты абон байхъусдзысты инфраструктурæйы æмæ регионалон тынгады министр Майя Цкитишвилимæ. Бæрзонд æхсæнадон интересæй рацæугæйæ, министр йæхæдæг баздæхт закъондæттæг оргæнмæ, хыгъдлæвæрд бавдисыны фæндæй.
Парламентон фылдæрты лидер Арчил Талакъавадзе хъусын кæны, цæмæй Анаклиайы порт хæссы стратегион нысаниуæг хицауадæн æмæ депутаттæм уыдзæн фаврстытæ проекты сæххæсты тыххæй, афтæдæр порты транзитон кæлидортæм интеграцийы æмæ инвестицитæ æрбаласынмæ гæсгæ.
Парламентон оппозицимæ уыдзæн критикон фарстытæ æххæстгæнæг хицауадмæ. Депутаттæ цымидис кæнынц, цæмæй исты амæлттæй баст у «Ти-Би-СИ» банкъы бындурæвæрджыты хъуыддаджы фæдæвзарæн æхца ссурс кæныны тыххæй, проекты фæкъуылымпыйы хъуыддагимæ.