Бæстæйы масштабæй   ресторантæ 22:00 сахатмæ  кусдзысты
Бæстæйы масштабæй ресторантæ 22:00 сахатмæ кусдзысты

Бæстæйы масштабæй   ресторантæ 22:00 сахатмæ  кусдзысты, – уый фæдыл  вице-премьер Майя  Цкитишвили   координацион  советы   рабадты  фæстæ  фехъусын кодта.

«Тбилисы, Кутаисы, Мцхета æмæ Батумы, ресторанты  куыст   уыд   арæнгонд 22:00  сахаты онг,  22:00 сахатмæ куыстой ацы горæтты   алы  хæрæндон объекттæ, фæлæ   уый тыххæй,  цæмæй   ресторанты æмæ уым  ацæугæ мадзæлтты рæстæджы  фæбæрæг ис  инфицирады  цауты бæрзонд  нымæц,   абон ахицæн кодтам, цæмæй  æппæт бæстæйы  масштабæй   ресторантæ кусой  22:00 сахатмæ», – фехъусын кодта Мая  Цкитишвили.