Анаклиайы порты  арæзтады тыххæй, парламенты абон байхъусдзысты, регионалон тынгады министр Майя Цкитишвилимæ
Анаклиайы порты арæзтады тыххæй, парламенты абон байхъусдзысты, регионалон тынгады министр Майя Цкитишвилимæ

Анаклиайы  порты   арæзтады тыххæй   Гуырдзыстоны парламенты абон байхъусдзысты  инфраструктурæйы æмæ регионалон тынгады  министр Майя Цкитишвилимæ.   Бæрзонд æхсæнадон интересæй  рацæугæйæ,   министр  йæхæдæг   баздæхт  закъондæттæг оргæнмæ,  хыгъдлæвæрд бавдисыны фæндæй.

Парламентон фылдæрты лидер Арчил Талакъавадзе хъусын кæны, цæмæй  Анаклиайы  порт хæссы  стратегион нысаниуæг  хицауадæн æмæ  депутаттæм уыдзæн    фаврстытæ проекты  сæххæсты тыххæй,  афтæдæр  порты  транзитон  кæлидортæм интеграцийы æмæ инвестицитæ  æрбаласынмæ гæсгæ.

Парламентон оппозицимæ уыдзæн критикон фарстытæ  æххæстгæнæг  хицауадмæ.  Депутаттæ цымидис кæнынц, цæмæй  исты  амæлттæй  баст у  «Ти-Би-СИ» банкъы бындурæвæрджыты хъуыддаджы фæдæвзарæн æхца  ссурс кæныны  тыххæй,    проекты  фæкъуылымпыйы  хъуыддагимæ.