Анаклиайы портмæ бацæуæн фæндаг æмæ æфсæнвæндаджы проект бакусынæн расидтысты тендер

Анаклиайы портмæ бацæуæн фæндаг æмæ æфсæнвæндаджы  проектиркæнынæн  райдыдта  тендер.

Куысты  æнхъæлцау  аргъ у  10 998 972   лари. Куыстытæ та  бадзырдыл къухбафыссынæй    13 мæймæ  хъуамæ  сæххæст уой.  Тендеры  расидтис фæндæгты департамент. Куырдиæтты бавдыст   райдайдзæн 13 январы æмæ   16-мы онг аххæсдзæн.

Анаклиайы   портмæ  фæндаг æмæ æфсæнвæндаджы   айгæрдын у  паддзахады  хæс.  Арæзтад  æнхъæлцау  100 милуанæй фылдæр доллар сбаддзæн.

Тендерон  документацимæ гæсгæ, фыццаг этапыл  план кæны  2  хаххджын  фæндаджы  арæзтад.  Цæуæн хайы фæтæн  хъуамæ уа 11 метры.  Цыдæриддæр та   ног æфсæнвæндагон   магистралмæ æххæссы,   йæ дæргъ уыдзæн 17-18  километры.