Александре Моцъерелиа – адæймагтæн, кæцытæ Украинайы хæцынц сбæрæг уæд статус æмæ паддзахад йæхимæ райсæт сæ бинонтыл аудындзинад
Парламенты уæнг, парти «Гуырдзыстоны тыххæй» -ы минæвар, Александре Моцъерелиа, парламенты абоны пленарон рабадтыл коллегæтæм раздæхт æнхъарæнимæ, ома парламент æркæсæд Украинайы фæмардуæвæг гуырдзиаг хæцджыты фарста, сбæрæг сын кæнæд статус æмæ паддзахад йæхимæ райсæт аудындзинад ацы адæймæгты бинонтыл.
Александре Моцъерелиа куыд банысан кодта афтæмæй, Украинайы ноджы иу гуырдзиаг хæцæг амард, кæцыйы бинонты хъæуы паддзахады æххуыс.
«Ацы хæцæг уыдис уыдоны æхсæн, кæцытæ капитуляци нæ райхъусын кодта нæдæр 1992 азы Сухумы æмæ нæдæр 2008 азы Цхинвалы. Ацы хæцджытæ абон хæцынц Украинайы, хæцынц оккупантты ныхмæ, хæцынц хуыздæр сомбоны тыххæй, Гуырдзыстоны тыххæй, хæцынц уыцы идеяты тыххæй, кæцыты нывондаг ссис Звиад Гамсахурдиа, Мераб Костава. Хæцынц уый тыххæй, цæмæй мах суæм евроцæдисы æмæ НАТО-ы уæнг, хæцынц уымæн æмæ зонынц, цæмæй афтæ хæстæг, ерын куы стæм нæ территорион æнæхъæндзинад сног кæнынмæ, раздæр никуы уыдыстæм. Æз уыдтæн Эдишер Кварацхелиайы панихидæйыл Самебайы аргъуаны, федтон бирæ æфсæддон хорзæхтæ æмæ афтæдæр федтон йæ бинонты, кæцытæн æцæгдæр хъæуы паддзахадæй æххуыс. Курæг уæ дæн коллегæтæй, цæмæй æркæсæм ноджы иу хатт ацы фарста парламенты. Ацы адæймæгтæн, уым чи хæцы, сбæрæг уа статус æмæ паддзахад йæхимæ райсæт сæ бинонтыл аудындзинад», – райхъусын кодта Александре Моцъерелиа.