Александр Лукашенко Сочæйы фембæлды рæстæджы  Владимир Путинæн  æвзæрстыты  фæстæ фарс рахæцыны  тыххæй   раарфæ кодта
Александр Лукашенко Сочæйы фембæлды рæстæджы Владимир Путинæн æвзæрстыты фæстæ фарс рахæцыны тыххæй раарфæ кодта

Белорусы президент  Александр  Лукашенко  Сочæйы  фембæлды рæстæджы  Владимир Путинæн  æвзæрстыты  фæстæ  фарс рахæцыны  тыххæй   раарфæ кодта.  Информаци хъусын кæны «ТАСС».

Медийы хъусинагæй, Белорусы  президент йæ уырыссаг коллегæйæн   бæстæйы цæугæ    фæзындты  фæдыл реалон  радзурын дæр баныфсвæрдта  æмæ  райхъусын кодта, цæмæй   масмедиа зæгъгæ   Минскы  цæугæ  фæзындты æнæраст рухс  кæны.

«Бузныг уын, цæмæй  равдыстат уый æмæ Белорусы арæнтæ,  сты  æмцæдисон падзахады арæнтæ  æмæ  уым æхсæнгарзимæ змæлды бар никæмæн ис» – райхуъсын кодта  Лукашенко  фембæлды рæстæджы.

Афтæдæр  Александр Лукашенко  Путинæн   раарфæ кодта, цæмæй  Булорус фыццаг  у  уыцы бæстæты рæнхъы,  кæцыты дæр уырыссаг вакцинæйы  дистрибуци сыххæст уыдзæн.  Лукашенкойы  дзырдæй,  зæгъгæ Белорус уымæн тынг аргъ кæны.

Александр лукашенкойæн уый 9 августы уагъд президентон æвзæрстыты  фæстæ,  фæсарæнтæм фыццаг визит  у.