Александр Лукашенко нæ цух кæны æмгъуыдагъоммæ президентон æвзæрстытæ ауадзын
Белорусы президент Александр Лукашенко æмгъуыдагъоммæ президентон æвзæрстытæ ауадзын нæ цух кæны. Ацы фидиуæн Лукашенко уырыссаг медиимæ интервьюйы рæстæджы арызта.
Александр Лукашенкойы дзырдæй, зæгъгæ æвзæрстыты гæнæн ис конституцион реформæты фæстæ ауадзой.
«Цæттæ стæм конституцион реформæ сæххæст кæнын, уый фæстæ æмгъуыдагъоммæ президентон æвзæрстытæ ауадзын нæ цух кæнын» -райхъусын кодта Лукашенко.