Александр Лукашенко хицауадæй йæ ацыды сæйраг домæнты тыххæй радзырдта
Белорусы президент Александр Лукашенко хицауадæй йæ ацыды сæйраг домæнты тыххæй радзырдта. Уый фæдыл Лукашенко æппæтадæмон æмбырдыл дзырдæй ралæуды рæстæджы райхъусын кодта.
Александр Лукашенко сæйраг домæнæй схуыдта бæстæй сабырдзинад æмæ сæрфад, афтæма йæ фарсхæцджытæн нæфæцагайгæдзинад.
«Хицауадæй мæ ацыды сæйраг аууæлттæ: сабырдзинад бæстæйы, сæрфад, цæмæй ма уа мацы протестон архйдтæ, фæфæлдæхт, сæрмагонд хъуыды закъоны фæлгæттæм æмбæлгæйæ радзурын.
Дыккаг: кæд афтæ æрцæуа æмæ хицаудзинад райсой æндæртæ, æмæ сæм æндæргъуызон цæстæнгас уыдзæн, дыккаг пунктæй ныффысдзыстæм, цæмæй нырыккон президенты фарсхæцджытæм ма бахъавæт. Уый тыххæй рацыдтæн инициативæйæ, Белорусы æппæтадæмон æмбырд конституцион органæй скæнæм, раттæм йын æххæстбартæ, – райхъусын кодта Александр Лукашенко.
Уый ма бæстæй президентон æвзæрстыты фæстæ райдайгæ протестон рацыдты фæдыл фæныхас кодта.
«Нæ сабыр цард, нæ суверенитет æмæ стабилондзинад серьозон æртхъирæны раз æрлæууыд. Дзæбæх хъуамæ æмбарæм, цæй йас æнамонддзинадæй бахизтам нæхи, ацы æртхъирæныл куы фæуæлахиз стæм уæд. Æрхъуыды ма кæнут, цы фæстиуæг æрхастой, а.х. хуызджын революцитæ пост-советон тыгъдады – перманентон, хроникон æнæстабилондзинад æмæ цæрджыты фæмæгуыр», – райхъусын кодта Белорусы президент.