Албани Гуырдзыстоны æмбæстæгтæн, визон режим аивдта. Ранæуæггонд информаци Гуырдызстоны æмæ Албанийы æддæ хъуыддæгты уагдæтты веб-фæсртыл у публикацигонд.
Фæстаг азты Гуырдзыстон уыцы ранымады уыдис, кæцыты æмбæстæгтæм Албанимæ балц кнын сæ бон уыд æнæвизæйæ, сæрды периоды. Ныр ацы фадат уыдонæн уыдзæн кæцыфæнды сезоны.
«Гуырдзыстоны æмбæстаг, кæцы Албанимæ балц кæны, йæ бон у æнæвизæйæ бацæуа æмæ баззайа Албанийы Республикæйы территорийыл 90 боны æмгъуыдæй , 1080 боны дæргъы» банысангонд у Гуырдзыстоны æддæ хъуыддæгты уагдоны сайтыл.
Фæстаг мæйты Гуырдзыстоны æмбæстæгтæн æнæвизæ режим цалдæр бæстæ аивдта, сæ нымæцы Босни æмæ Герцоговинæ æмæ Сербий.