Албани Гуырдзыстоны  æмбæстæгтæн  визон режим аивдта
Албани Гуырдзыстоны æмбæстæгтæн визон режим аивдта

Албани Гуырдзыстоны æмбæстæгтæн, визон режим  аивдта.  Ранæуæггонд информаци  Гуырдызстоны æмæ   Албанийы  æддæ хъуыддæгты уагдæтты веб-фæсртыл  у публикацигонд.

Фæстаг азты  Гуырдзыстон  уыцы  ранымады  уыдис, кæцыты æмбæстæгтæм  Албанимæ балц кнын сæ бон уыд   æнæвизæйæ, сæрды периоды. Ныр ацы фадат  уыдонæн уыдзæн кæцыфæнды сезоны.

«Гуырдзыстоны æмбæстаг,  кæцы  Албанимæ балц кæны,  йæ бон у  æнæвизæйæ  бацæуа  æмæ   баззайа Албанийы  Республикæйы территорийыл   90 боны æмгъуыдæй , 1080 боны дæргъы»  банысангонд у  Гуырдзыстоны æддæ  хъуыддæгты уагдоны  сайтыл.

Фæстаг мæйты Гуырдзыстоны æмбæстæгтæн æнæвизæ  режим  цалдæр бæстæ аивдта, сæ нымæцы Босни æмæ Герцоговинæ æмæ  Сербий.