Саломэ Зурабишвили – сидын  Гуырдзыстоны хицауадмæ, æрымбырд уæт æдасдзинады совет æргомæй æмæ æркæсæт  Уæрæсеимæ  3 мæййон  визæтæ сфидар кæныны фарста
Саломэ Зурабишвили – сидын Гуырдзыстоны хицауадмæ, æрымбырд уæт æдасдзинады совет æргомæй æмæ æркæсæт Уæрæсеимæ 3 мæййон визæтæ сфидар кæныны фарста

Æнхъæлын, цæмæй  ай у  бынтон нæрайсгæ, æнæран, æнафон,  нæдæр визæты аивд  нæ хъæуы, нæдæр тахтытæ сног кæнын, цалынмæ Уæрæсе  æппæт Дунейæн  у  агрессор æмæ  цалынмæ нæ  территориты дары  оккупацийы бын, ахæм къахдзæф  у  æнафон æмæ нæрайсгæ, –уый фæдыл Гуырдзыстоны президент  Саломэ Зурабишвили  абоны   брифингыл райхъусын кодта, кæцыйыл Уæрæсейы   æрдгæй   Гуырдзыстоны  æмбæстæгтæн   визæты  аивдыл  фæныхас кодта.

Саломэ Зурабишвили  куыд  банысан кодта афтæмæй, уый у  уырыссаг   провокаци.

«Абон алчи  фехъуыстам  радон  уырыссаг   провокацион  фидиуæн,  цы у йæ нысан ацы провокацийæн – гæнæн ис, иу æрдгæй,  уый уыдис   сæ састы  бамбæрзын, Бахмуты цы  крах  баййæфтой  уый, фæлæ  уый цы  цæуы  æмæ кæцы рпан дæр  сын не нтысы сæ тых равдисын, гæнæн ис  ай  уыдис  дзуапп,  знон  Евроцæдисы æрдгæй  фидаргонд  санкциты 11-æм пакеты ныхмæ.

Бирæ цыдæр ис гæнæн уа, фæлæ махæн   сегасдæр сæйраг цы у, у комкоммæ   провокаци  æхсæнады  сызнæт кæныны æмæ   нæ  хицауады   бакодта   стыр    быцæусидты раз. Уый   расайдзæн  ныттыгонд уавæр партиты æхсæн, фæлæ   уырнæг дæн,  æхсæнады ацы  ми нæ  сызнæт кæндзæн,  расайдзæн æрмæст æхсæнады реакци, кæцы дзæбæх æмбары, цæмæй  кæд Уæрæсе ацы къахдзæф  аразы, кæд  æй аразы  йæхи инетерстæм гæсгæйæ.  Хъыгаг у, цæмæй нæ хицауад нырма нæ бамбæрста  æмæ  нæ  ахъуыды кодта  нæ ивгъуыд историйыл  æмæ уыцы   бирæ  цæвиттоныл,  кæцы  ис, ома Уæрæсе  хицауады   фæхатырыл,  афтæдæр фæхатыр никуы дæтты дзуапп, уый дзуапп кæны уымæй, цæмæй  цас фылдæр фæзын кæна уавæр, уый йæ  иудадзыг   метод æмæ ууыл хъуамæ ахъуыды кæна  хицауад.

Æз мæ сæрмагонд позици равдыстон   «Твиттеры».  Æнхъæлын, цæмæй  ай уыдис бынтон нæрайсгæ, æнæран, æнафон, нæдæр нæ визæты аивд хæъуы, нæдæр тахтытæ  сног кæнын, цалынмæ  Уæрæсе у  æппæт Дунейæн  агрессор  æмæ цалынмæ оккупацийы дары нæ  территоритæ, ахæм къахдзæф  у æнафон æмæ нæрайсгæ.

Сидын хицауадмæ,   дырыс арвдсиæт йæ позици, афон у,ц æмæй  æнæиу хатт цы æркуыдтон, æрымбырд уа æдасдзинады  совет  æргомæй  æмæ  æркæсæт  Уæрæсеимæ  3 мæййон визæты  режим сфидар кæнын, кæцы æнæмæнгхъæугæ нæ  мид быцæусидтытæм гæсгæйæ.   Ылдæр контрол хъæуы хицауады æрдгæй  уыцы укырыссæгтыл, кæцытæ  æрцæуынц бæстæмæ, кæцытæ  баззайынц бæстæйы  æмæ æнæмæнгхъæугæ у цыдæр  мадзæлттæ скæнын, цæмæй уый æппæт ныббадæт нормалон, цивилизацигонд фæлгæтты.   Мах тынг толерантон бæстæ стæм, алкæй иу райсæм, уый ныри  разындис  фæстаг иу афæдзы дæргъы, фæлæ ис цыдæртæ, цæй æруадзын гæнæн нæй бæстæйы.  Нæй  гæнæн, цæмæй  уырыссаг-æвзагон рæвдауæндæттæ байгом уа.  Нæй  гæнæн цæмæй   ма сфидар уа   цыдæр мадзæлттæ  æндæрæ æмæ æндæр  професситыл  æмæ ис æркуырдтæ  адæймæгтыл, кæцытæ  иу кæнæ æндæр профессийæ архайынц, уый у  лицензир кæнын  фæнды   таксийы  тæрджытыл, гидтыл æмæ бирæ æндæр професситыл. Уый у  нæ  æхсæнады  хъахъъæд æмæ уый у раст дзуапп   абоны провокацийыл. Мазх абон Уæрæсейы  лæвæрттæ ницæмæн хъæуынц, цæвиттон цыдæртæ фæхатыр кодта.  Мах абоны  уавæры уыцы фарсыл  стæм, куыд нæ  Европаг   хæлæрттæ  æмæ уый у  Гуырдзыстоны джелбетт  бахъахъхъæнын, цæмæй ерын алкæмæй  хъауджыйæ  ма  райдайæм  ног ахастытæ Уæрæсеимæ, кæцы  нын фæзын кæндзæнис  алцыппæт, фæнды нæ бæстæйы  бахъахъъхæнын  уыцы   аххсоæгтæй, кæцытæ  хуъысынц  санкциты  иу фарс  ацыды  фæдыл.  Абон  ахæм тас  Гуырдзыстонæй  нæй, фæлæ   ма хъуамæ  сцырын кæнæм ахæм уавæр,ц æмæй ацы аххосæгтæ  фæкарз уой æмæ   стæй  нæхи баиргъæвын нал бафæраздзыстæм.  Сидын Гуырдзыстоны хицауадмæ,   йæ хъус æрдарæт  адæмы  тыхмæ нæ фæлæ, адæмы  дзырдмæ.  Уырнæг дæн,  æхсæнад ацы фарстайыл у æмуд, уый  нæу æрмæст   уый тыххæй, цæмæй  ай у ноджы иу цыдæр, кæцы к=гæнæн ис  йæ  ныхмæ  ссархайа   кандидаты статус райсынæн æмæ уымæ дæр мæ  зæрдæ хсайы, фæлæ  ацы  уавæр йæ ныхмæ  цæуы Гуырдзыстоны  интерестæн,  намысæн.  Хъуамæ  зонæм, кæм лæууы   ацы бæстæ, кæцы у  оккупацигонд  æмæ кæцы  украинаг  хæлæртты солидарон  у.   Ахæм нæ позици, уый иузæрдыг хъуамæ уæм  кæронмæ.  Уый у  æхсæнады æркуырд æмæ  уырнæг дæн, цæмæй  æндæргъуызон куы æрцæуа, уæд æхсæнадæн дæр уыдзæн ууыл  дзуапп», – райхъусын кодта Саломэ Зурабишвили.