«Аккаг Партнер 2018»-ы хайадисæг америкаг «Страйкерты» марш - фотохабар
Гуырдзыстонæн йæ фарс кæй хæцы АИШ-ы æрдгæй уый демонстрацийы нысанæн «Аккаг Партнер 2018»-ы хайадисæг америкаг хæцæн згъæрмашинæйы «Страйкерты» къанвой , Сенакъæй Вазианийы æрдæм маршæй ацæудзæн. Марш райдыдта æхсæв.
Америкаг згъæртранспотреты колоннæ сахар Гуры центры фæлæудзæн, цы ран æмбæстæгтæн уыдзæн фадат æфсæддон техникæ фенын æмæ зæрдылдарæн къамтæ айсын.
Америкаг згъæотранспортерты кооннæйы марш Вазианийы «Аккаг Партнер 2018» ахуырты ареалы фæуыдзæн. «Страйкертæ» баиу уыдзысты ахуыртæм.
«Аккаг Партнер 2018» у фылдæр егъаумасштабон. Фæфылдæр ис хайадисæг бæстæты, æфсæддæтты æмæ техникæйы нымæц. Ахырты хайад райсынæн америкаг «Страйкертæ» æндæр æфсæддон типы техникæимæ иумæ – фистæгты хæстон машинæ «Бредли», М1А2 типы танкъ «Абрамс» æмæ æндæр типы æфсæддон техникæ, Румынийы, Констанцайы портæй, СауДенджызы уылты æрцыд æрвыст æмæ Поты портмæ цалдæр боны размæ æрбахызт.
Ацы аз бирæнацион ахуыр «Аккаг Партнер 2018» ногдзинадимæ ацæудзæн. Ахуыртæм баиу уыдзысты, АИШ-ы Джорджиайы штаты 171-аг авиацион полкъы æмæ 12-æм хæстон авиацион бригадæ, кæцы ахуырты рæстæджы хæстæг уæлдæфон æххуысы æмæ уæлдæфон хихъахъъхæнæн операцитæ æххæст кæндзæн. Америкаг хæрдмæтæхджытæ «Сау хъæрццыгъа» (Blackhawk) æмæ «Апач» (Apache) ныридæгæн Гуырдзыстоны сты.
Специалонæй ацы ахуыртæм Доуверы уæлдæфон тыхты базæйæ америкаг хæрдмæтæхджытæ, сæрмагонд скондимæ иумæ Гуырдзыстоны, Алексеевкайы æмхæццæ авиацион базæйыл æрбадтысты.
Гуырдзыстонмæ æххæстæй æрцыд ахуырты хайадисæг америкаг æфсæддон згъæртехникæ. Уæлдфæон фæндагæй та, АИШ-ы Европæйы сæрдарады сæрмагонд сконд, Гуырдзыстонмæ, 31 июлмæ этапгай æрцæудзæн.
«Аккаг Партнер 2018» официалонæй Вазианийы æфсæддон аэродромыл фыццаг августы байгом уыдзæн. Ахуыртæ Гуырдзыстоны гарзджын тыхты æмæ АИШ-ы армийы Европаг сæрдарады разамындæй цæуынц уагъд.
Къаты автор – Ираклий Геденидзе