Ахуырады министрад -  Министрад сиды ТПУ-мæ, сифтонг кæнæт студентон цæрæн уатты  сæрибар  бынæтты æрхион кæнын æмæ 2021-2022  ахуыры аз  фæуæд   гибридон  режимы
Ахуырады министрад - Министрад сиды ТПУ-мæ, сифтонг кæнæт студентон цæрæн уатты сæрибар бынæтты æрхион кæнын æмæ 2021-2022 ахуыры аз фæуæд гибридон режимы

Гуырдзыстоны ахуырады æмæ  зонæдты  министрад ахæлиу кодта фидиуæн  Иванэ Джавахишвилийы   номыл   Тбилисы паддзахадон  университеты  студентты  протесты фæдыл,  кæцытæ  2021-2022  ахуыры азы  гибридон  режимы  ауадзын домынц.

Министрад сиды ТПУ-мæ, сифтонг кæнæт студентон цæрæн уатты  сæрибар  бынæтты æрхаион кæнын æмæ 2021-2022  ахуыры аз  фæуæд   гибридон  режимы.

«Гуырдзыстоны ахуырады æмæ  зонæдты министрад  сиды  паддзахадон  университеты къухдариуæгадмæ, макисмалонæй  сæ  зæрдыл бадарæт  студентты  уавæр, –  сифтонг кæнæт  студентон цæрæн уатты сæрибар бынæтты  максималонæй æрхион кæнын, æрцæрын кæнæт студентты æмæ 2021-2022 ахуыры аз  фæуæд  гибридон  режимы.

Зондзыстут, университеттæ сæрмагонд  аватономийы  фæлгæтты  ахуыры процессы фæдыл  сæхæдæг  рахæссынц  уынаффæтæ.   Министрад  ныфс æвæры  ома Тбилисы  паддзахадон университет максималонæй  йæ зæрдыл бадардзæн   студентты æркуырдтæ æмæ æмбæлон  уынаффæтæ  рахæсдзæн», –   банысангонд у  ахуырады министрады  фидиуæны.