Ахуырады министрад – информаци, цæвитон Гуырдзыстоны байгом уызæн Уæрæсейы финансдзинадæй уырыссаг-гуырдзиаг бæрзонддæр ахуыргæнæндон, раст нæу
Гуырдзыстоны ахуырады æмæ зонæдты министрад медиайы ахæлиугонд информацийы тыххæй уырыссаг-гуырдзиаг университеты гæнæн байгомы фарстайы фæдыл фидиуæн публикаци кæны.
Фидиуæны куыд у банысангонд афтæмæй, информаци, цæвиттон Гуырдзыстоны Уæрæсейы финансдзинадæй байгом кæндзысты уырыссаг-гуырдзиаг бæрзонддæр ахуыргæнæндон, раст нæу.
«Ахуыргæнæн уагдоны статус райсынæн уагдон хъуамæ ацæуа авторизаци, кæцыйы нысан у паддзахадæй банымад ахуыры бæлвырдгæнæн документ раттынæн æмбæлгæ куысты сыххæстæн æнæмæнгхъæугæ стандарттæ сыххæст кæнын. Авторизаци æнæмæнгхъæугæ у куыд паддзахадон, афтæ хицæн субъектæн. Æххæст бæрнæй хъусын кæнæм, цæмæй ахæм ахуыргæнæндоны байгомы фæдыл Гуырдзыстоны ахуырады системæйы ницы процедурæ нæ цæуы. Ахæлиугонд информаци фæнысангонды фæдыл у дезинформаци, кæцыйæн йæ нысан у æхсæнады рæдыды бафтауын, ахуырады системæйы æмæ хицауады барæй дискредитацидзинадæн», – банысангонд у ахæлигонд информацийы.