Ахуырады министрад – 4 октябры скъолаты бæстыхæйтты ахуыр райдаынмæ алы æхсæнадон æмæ хицæн скъолатæ æххæстæй цæттæ сты
4 октябры сколайы бæстыхæйтты ахуыр райдайынæн, Гуырдзыстоны алы æхсæнадон æмæ хицæн скъолатæ æххæстæй цæттæ сты. Информаци уый тыххæй хъусын кæны Гуырдзыстоны ахуырады министрад.
Уагдоны куыд хъусын кæнынц афтæмæй, ахуыргæнинæгты, ахуыргæнджыты æмæ скъолаты администрациты минæвæртты æдасдзинадæн æмæ кæцыфæнды æндæр рискæй хи бахизынæн, министрады æмæ системæмæ цæуæг алы æмбæлгæ уагдæттæ скъолаты егъаумасштабон куыстытæ ауагъдтой.
«Ахуырады æмæ зонæдты министрад ныйарджытæн дæтты фадат сывзарой дистанцион ахуыры формæ, æрмæст риск-къордтæм бацæуæг ахуыргæнджытæн, фæндоны цæуы сæ бон уыдзæн уроктæ дистанционæй ауадзын.
Скъолаты уæвгæ ахуыры цауы, ахуыргæнинæгтæ I-XII кластæ хынцгæйæ, хæсджын уыдзысты маскæ адрын, паддзахад та ифтонг кæндзæн ахуыргæнджыты æнæмæнгхъæугæ тестæй басгæрст – ацы этапыл вакцинацигонд сты педагогты æмæ скъолаты администрацийы минæвæртты 67%» – банысангонд у министрады ахæлиугонд информацийы.