АИШ-ы Сенаты рагысгарæг комитет - Хилари Клинтоны электронон пост басæттыны бардзырд ратта Владимир Путин
АИШ-ы сенаты рагысгарæг комитеты хыгъдлæвæрдмæ гæсгæ, Хилари Клинтоны электронон постмæ баирвæзыны бардзырд Путин ратта. Уый фæдыл 2016 азы æвзæрстыты процессы Уæрæсейы гæнæн хифæкæныны фарсты фæдыл бакуыст кæронбæттæн версийы мидæг дзырдæуы.
Сæрмагондæй та, документы мидæг дзырдæуы, цæмйæ демокративон партийы сервертæм баирвæзыны æмæ президенттæм кандидат Хилари Клинтоны сæрмагонд фыстæджытæ адавынны бардзырд сæрмагондæй Путин ратта.
Афтæма, хыгъдлæвæрды мидæг банысангонд у, цæмæй Мæскуыйæн йæ нысан уыдис Клинтоны кампанийæн разнаггад кæнын, йæ балы дискредитаци скæнын, Трампы кампанийæн баххуы скæнын æмæ АИШ-ы демокративон процесстæн сæ бын ракъахын.
Сенаты рагысгарæг комитеты сæрдары хæдивæг, демократ сенатор Марк Уорнер райхъусын кодта, цæмæй хыгъдлæвæрд бæлвырд кæны Дональд Трампы æмбæлтты æмæ уырыссаг шпионты æхсæн котакттæ.
Йæхи æрдæгæй комитеты сæрдар, республикаг сенатор Марко Рубио ацы информаци бафаудта æмæ загъта, цæмæй Трампы Уæрæсеимæ бастдзинад, фæдагуырды рæстæджы не сбæлвырд ис.
Хыгъдлæвæрдмæ гæсгæ, Дональд Трампы алыварслæуджытæй Уæрæсейы фарсимæ контакттæ фидар кодта Пол Манафорт, кæцы 2016 азы Трампы æвзарæнон штабæн къухдариуæг кодта. Сæрмагондæй та Манафорт æмкуыст кодта уырыссаг миллиардер Олег Дерипаскаимæ æмæ полит-технолог Константин Климкинимæ, кæцыйы сенаты хыгъдлæвæрды хонынц «Уæрæсейы бæрæгдзау офицерæй».
Хыгъдлæвæрды автортæ нымайынц, цæмæй Уæрæсейы рагысгарæг куысты тыхархайдæн афтæдæр æххуыс кодта веб-фарс «Викиликс» кæцыйыл 2016 азы æвзæрстыты размæ, публикаци скодтой АИШ-ы Демокративон Партийы документтæ.
Йæхæдæг Трамп та хъусын кæны, цæмæй Сенаты рагысгарæг комитеты хыгъдлæвæрд нæма бакастис, æмæ йын ницы бастдзинад ис Уæрæсе æмæ Украинаимæ.